Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 10:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ныр ӕз ацы зӕххы цӕрджыты фӕсурдзынӕн, фыдбылызы сӕ баппардзынӕн, се знӕгтӕ сӕ куыд ӕрцахсой, афтӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 10:18
11 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг дӕ ардыгӕй фехсдзӕн, богал, алырдыгӕй дӕ ӕрбалвасдзӕн,


Уый тыххӕй уӕ Ӕз ацы зӕххӕй, нӕдӕр уӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр уӕхӕдӕг кӕй зыдтат, уыцы бӕстӕм фӕсурдзынӕн. Ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕм кувдзыстут, уымӕн ӕмӕ уын Ӕз нӕ ныххатыр кӕндзынӕн.


Дӕ ныййарӕг мадимӕ дӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕм фӕсурдзынӕн. Сымах уым нӕ райгуырдыстут, фӕлӕ уыцы ран амӕлдзыстут.


Дунедарӕгӕн Йӕ маст не ’рсабыр уыдзӕн, цалынмӕ, Йӕ зӕрды цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ сӕххӕст кӕна, уӕдмӕ. Уый фидӕны ӕххӕстӕй бамбардзыстут.


Уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый, ӕмӕ ӕз дзӕгъӕлы нӕ дзырдтон, ахӕм бӕллӕх сын кӕй бавзарын кӕндзынӕн, уый тыххӕй“».


Ӕз адӕмыл ахӕм ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн, ӕмӕ куырмытау рафт-бафт кӕндзысты, Дунедарӕджы раз тӕригъӕдджын кӕй фесты, уый аххосӕй. Сӕ туг алы ран зӕххы рыгау ныппырх уыдзӕн, сӕ буӕрттӕ фаджысау зӕххыл лӕзӕрдзысты.


Фӕлӕ Мӕ лӕггадгӕнджытӕн, Мӕ пехуымпартӕн, Ӕз цы ныхӕстӕ ӕмӕ цы уагӕвӕрдтӕ бафӕдзӕхстон, уыдон уӕ фыдӕлты нӕ баййӕфтой ӕцӕг? Ӕмӕ Мӕм уӕд раздӕхтысты ӕмӕ дзырдтой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг нын, нӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цӕй аккаг уыдыстӕм, уый бакодта“».


Уыдон уӕ уынгӕг кӕндзысты уӕ бӕстӕйы алы сахары дӕр, цалынмӕ, уӕ зӕрдӕ кӕуыл лӕууы, уыцы бӕрзонд ӕмӕ фидар гӕнӕхтӕ ӕрызгъӕлой, уӕдмӕ. Ӕрхъула кӕндзысты, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй радта, уыцы бӕстӕйы алы сахарыл дӕр.


Исчи дӕ фӕдыл куы зила ӕмӕ дӕ марынмӕ куы хъава, уӕд дӕр Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, зынаргъ дурау бахъахъхъӕндзӕн ме ’лдары уд, де знӕгты удтӕ та дын дурӕхсӕнӕй ӕхсӕгау фехсдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan