15 Худӕг ӕмӕ ницӕйаг сты уыдон, сӕ тӕрхоны заман фесӕфдзысты.
Йӕ разы цӕмӕйдӕриддӕр басомы кодтон — иууылдӕр сӕ сӕххӕст кӕндзынӕн Йе ’ппӕт адӕмы раз,
Фӕлӕ сымах уӕхӕдӕг дӕр ницы стут, ӕмӕ уӕ митӕ дӕр ницы сты. Чи уӕ нымайы, уый та ӕлгъаг у.
Афтӕмӕй, сӕхӕдӕг дӕр — ницы, сӕ митӕ дӕр — ницӕйаг; сӕ гуымирытӕ дымгӕйӕ уӕлдай не сты, ницы сты.
Гъемӕ дын Ӕз раргом кӕндзынӕн, дӕ митӕ куыд раст сты, уый. Ӕмӕ уӕд бӕрӕг уыдзӕни, цы пайда дын ӕрхӕссой, уый.
Зӕгъут сын: «Арв ӕмӕ зӕхх цы гуымирытӕ не сфӕлдыстой, уыдон фӕдӕлдзӕх уыдзысты».
Гуымирытӕ ӕнӕзонд сты, зондцухтӕ. Уыдон цӕуыл хъуамӕ сахуыр кӕной адӕмы?
Ау, адӕмты гуымирытӕн сӕ бон къӕвда раттын у? Ау, арв нын йӕхӕдӕг ратдзӕн къӕвда? Нӕ Дунедарӕг ӕмӕ нӕ Хуыцау Ды нӕ дӕ? Дӕуыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ Ды аразыс.
Мӕн та Мӕ адӕм ферох кодтой се ’ппӕт дӕр: ницӕйаг гуымирытӕн будсудзӕн кӕнынц! Сӕ цӕуӕнтыл фӕкалдысты, сӕ рагон фӕндӕгтӕ ныууагътой ӕмӕ ӕнӕцыд къахвӕндӕгтӕм рахызтысты.
Ӕз басудздзынӕн мысыраг хуыцӕутты кувӕндӕттӕ, сӕ хуыцӕутты сын паддзах райсдзӕн ӕфтиагӕн. Фыййау йӕ пӕлӕз куыд скӕны, афтӕ Мысыры зӕхх йӕ уӕлӕ ӕркӕндзӕн ӕмӕ ӕнӕхъыгдардӕй ацӕудзӕн.
«Адӕмты ’хсӕн фехъусын кӕнут! Уӕ тырыса сисут нысанӕн! Ныхъхъӕр кӕнут, мацы басусӕг кӕнут, зӕгъут сын: „Саст ӕрцыд Вавилоны сахар, фӕхудинаг ис Бел, афӕлдӕхтой Меродахы — фӕхудинаг сты йӕ хуыцаугӕндтӕ, ныппырх сты йӕ гуымирытӕ!“
Уыдон сты ницӕйаг ӕмӕ худӕг, сӕ тӕрхоны заман иууылдӕр фесӕфдзысты.
Ӕмӕ се ’лгъаг миты фӕстӕ ӕфсӕрмы фӕкӕнынц, мыййаг? Нӕ, ӕфсӕрмы кӕнын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, къӕмдзӕстыгдзинад цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Уый тыххӕй дзыхъмард фӕуыдзысты, Мӕ азары бон афӕлдӕхдзысты зӕххыл, — зӕгъы Дунедарӕг.
Дард бӕстӕй Мӕ адӕмы ӕрдиаг хъуысы: „Ау, Сионы Дунедарӕг нӕй? Ау, Паддзах дзы нал ис?“» «Цӕмӕн Мӕ мӕсты кодтой сӕ гуымирытӕй, ӕндӕрбӕстаг мӕнг хуыцӕуттӕй?»
Тӕрхоны бонтӕ ӕрхӕццӕ сты, тӕригъӕдтӕ фидыны рӕстӕг ӕрцыд — уадз ӕмӕ уый базона Израил! Сымах пехуымпары ӕдылыйыл нымайут, Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уый та — ӕнӕзондыл, тӕригъӕдджын кӕй стут ӕмӕ уе ’нӕуынондзинад стыр кӕй у, уый тыххӕй.
Мӕ уд куы сфӕлмӕцыд мӕ мидӕг, уӕд ӕз ӕрхъуыды кодтон Хуыцауы, ӕмӕ мӕ куывд фехъуысти Дӕумӕ, Дӕ сыгъдӕг Кувӕндонмӕ.
Уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Ӕз ацы зӕххыл мӕнг хуыцӕутты ныццӕгъддзынӕн, мӕнг пехуымпарты ӕмӕ алы ӕлгъӕгтӕм мондаггӕнӕг моны фесафдзынӕн зӕххӕй.
«Адӕм, уый цы ми кӕнут? Мах дӕр сымах хуызӕн адӕймӕгтӕ стӕм. Хъусын уын кӕнӕм Фарны Уац, цӕмӕй сымах уӕ мӕнгхуыцӕуттӕй раздӕхат цардӕгас Хуыцаумӕ — арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уыдоны Сфӕлдисӕгмӕ.
Сӕхицӕн гуымирытӕ сарӕзтой, смӕсты Мӕ кодтой, ӕмӕ Ӕз та афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ адӕм схонӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыдонмӕ хӕлӕг кӕндзысты. Уадз ӕмӕ уыцы ӕнӕфенд адӕммӕ мӕстӕй судзой.
Ӕнӕуд хуыцӕутты фӕдыл та ма цӕут. Уыдон уын нӕдӕр исты пайда ӕрхӕсдзысты, нӕдӕр уӕ ирвӕзын фӕкӕндзысты, уымӕн ӕмӕ ницы сты.
Уый фӕстӕ бон дӕр та райсомӕй раджы сыстадысты ӕмӕ федтой: Дагон Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз зӕххыл дӕлгоммӕ хаудӕй лӕууы, йӕ сӕр ӕмӕ йӕ дыууӕ армы — къуырд ӕмӕ къӕсӕрыл ӕппӕрст. Дагонӕн ма баззад ӕрмӕст йӕ гуыр.