14 Ӕдылытӕ сты адӕм, зонынад сӕм нӕй; згъӕртайынгӕнӕг йӕхи худинаг кӕны джиппыуагъд гуымирытӕй, йӕ кӕрдгӕнывтӕ сты мӕнг, уд сӕ нӕй.
Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи цӕры, йӕ хъуыддӕгтӕ раст кӕмӕн сты, рӕстдзинад кӕй зӕрдӕйӕ рацӕуы;
фӕлварӕн бон Меривайы, ӕдзӕрӕг быдыры, Массӕйы, куыд уыдыстут, уӕдау уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут.
Нӕрӕд денджыз ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон, цинвӕдис кӕнӕд дун-дуне йе ’ппӕт цӕрджытимӕ!
Адӕмы ’хсӕн нӕй мӕнӕй ӕнӕфенддӕр, адӕймаджы зонд мӕм нӕй.
Уӕд, йӕ зӕрдӕ гуымирытыл чи дардта, сымах нӕ хуыцӕуттӕ стут, зӕгъгӕ, сын табу чи кодта, уыдон худинаджы бын фӕуыдзысты ӕмӕ алидздзысты».
Чидӕриддӕр ӕм бакува — ӕнӕмӕнг фегад уыдзысты, уымӕн ӕмӕ уыцы гуымиры саразӕг адӕймаг у. Уӕдӕ уыцы адӕм иумӕ ӕрӕмбырд уӕнт ӕмӕ тӕрхоны раз ӕрлӕууӕнт. Фӕтӕрсдзысты ӕмӕ сӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн.
Ӕмӕ, гуымирытӕ чи аразы, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр худинаджы гакк сбаддзӕн, аллайаг фӕуыдзысты ӕмӕ ӕрӕджиау сӕхиуыл ӕрхуддзысты, афтӕмӕй бабын уыдзысты.
Гъемӕ дын Ӕз раргом кӕндзынӕн, дӕ митӕ куыд раст сты, уый. Ӕмӕ уӕд бӕрӕг уыдзӕни, цы пайда дын ӕрхӕссой, уый.
Гуымирытӕ, джитъриты хуымы цы быдыргъ фӕлӕууы, уымӕй уӕлдай не сты: сӕ бон дзурын нӕу, хӕссын сӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ цӕуын нӕ зонынц. Ма сӕ тӕрсут — сӕ бон уын фыдбылыз саразын нӕу, фӕлӕ уын хорзӕй дӕр ницы ракӕндзысты».
Гуымирытӕ ӕнӕзонд сты, зондцухтӕ. Уыдон цӕуыл хъуамӕ сахуыр кӕной адӕмы?
Хуыцауы ӕцӕгад уыдон баивтой мӕнгдзинадӕй, кувынц ӕмӕ лӕггад кӕнынц фӕлдисондӕн, ӕнусмӕ арфӕгонд Чи у, уыцы Сфӕлдисӕджы бӕсты. Аммен.
Уый фӕстӕ бон дӕр та райсомӕй раджы сыстадысты ӕмӕ федтой: Дагон Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз зӕххыл дӕлгоммӕ хаудӕй лӕууы, йӕ сӕр ӕмӕ йӕ дыууӕ армы — къуырд ӕмӕ къӕсӕрыл ӕппӕрст. Дагонӕн ма баззад ӕрмӕст йӕ гуыр.