10 Ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг у ӕцӕг Хуыцау, Уый у цардӕгас Хуыцау ӕмӕ ӕнусон Паддзах. Йӕ мастӕй сӕнкъуысы зӕхх, адӕм ӕдых сты Йӕ масты раз.
Авраам та Беер-Шевӕйы ныссагъта тамариск бӕлас ӕмӕ уым ссардта Дунедарӕджы, Ӕнусон Хуыцауы, ном.
Уый фенгӕйӕ, адӕм иууылдӕр ныддӕлгом сты зӕххыл ӕмӕ загътой: «Дунедарӕг — нӕ Хуыцау! Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!»
Уӕд ӕппӕт адӕмтӕ дӕр базондзысты, Дунедарӕг, ӕмбал кӕмӕн нӕй, уыцы иунӕг Хуыцау кӕй у, уый.
Дӕу сты, Дунедарӕг, стырад ӕмӕ хъомыс, кад, уӕлахиз ӕмӕ цыт. Арв ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уыдон Дӕу сты. О Дунедарӕг, паддзахад Дӕу у, Ды дӕ йӕ Хицау ӕмӕ Дӕуӕй уӕлдӕр ницы ис.
Израилы адӕмӕн бирӕ рӕстӕджы дӕргъы нӕдӕр ӕцӕг Хуыцау уыди, нӕдӕр сауджын-зондамонӕг, нӕдӕр Ӕгъдау.
Зӕхх йӕ бындзарӕй нынкъуысын кӕны, йӕ бынатӕй йӕ фӕиртасы, йӕ бындуртӕ йын нырризын кӕны.
ӕлгъаг цы у, ахӕмӕй ницы сӕвӕрдзынӕн мӕ цӕстыты раз. Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивӕг ӕнӕуынон у мӕнӕн, ӕмгӕрон ӕм не ’рцӕудзынӕн.
Фӕсвӕд искӕуыл цъыф чи калы, уыдоны дзыхтӕ сӕхгӕнын, сӕрхызт ӕмӕ ӕнӕввӕрсонӕн нӕ барын.
Ныууарыд сыл къӕвдайы бӕсты их, пиллон арт сӕ зӕххыл ацыди.
О мӕ уд, дӕхимӕ ӕрцу ӕмӕ ӕрсабыр у — Дунедарӕг дӕ схайджын кодта Йӕ хорзӕхӕй!
Дунедарӕг сбӕрзонд кӕны сӕрныллӕджыты, ӕнаккӕгты та зӕххы онг ӕруадзы.
Арвы иу кӕронӕй райдайы йӕ фӕндаг, абалц кӕны иу кӕронӕй иннӕмӕ, ӕмӕ нӕй бамбӕхсӕн йӕ тӕвдӕй.
«Цы пайда ис мӕ мӕлӕтӕй, ингӕнмӕ кӕй бацӕудзынӕн, уымӕй? Зӕххы рыг Дын скад кӕндзӕни? Дӕ иузӕрдионы кой ракӕндзӕни?
Ӕз Дын мӕ тӕригъӕдыл басастӕн ӕмӕ нӕ бамбӕхстон мӕ азым. Ӕз загътон: «Дунедарӕгӕн раргом кӕнон мӕ фыдракӕндтӕ», ӕмӕ мын Ды мӕ тӕригъӕд ныббарстай.
Ды — мӕ Хуыцау ӕмӕ мӕ хъару. Цӕмӕн мӕ ныууагътай? Цӕмӕн згъалын мӕ цӕссыг ме знаджы ӕфхӕрдӕй?
Ӕз дзынӕзтон ӕмӕ ком дардтон — уый тыххӕй мын фидистӕ кӕнынц.
Уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ сӕраппонд фӕфидиссаг дӕн, мӕ цӕсгомыл худинаджы гакк сбадт.
Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, куыд-иу зарыдтӕн, ӕхсӕвыгон мӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын, уӕдӕ цы ракодтон, зӕгъгӕ.
Ау, Дунедарӕг мыл мыггагмӕ атигъ кодта Йӕхи, Йӕ хорзӕхы аккаг мӕ никуыуал скӕндзӕн?
Хуыцауы бафӕлварын сфӕнд кодтой: сӕ уды фӕндиаг хӕринаг Дзы домдтой.
О Дунедарӕг! Дӕ бӕстӕйӕн саккаг кодтай Дӕ хорзӕх, уацарӕй раздӕхтай Йаковы байзӕддаджы.
Фӕлӕ Дунедарӕг Йӕ къӕлӕтджыны — ӕнустӕм, Йӕ паддзахы бадӕн тӕрхон кӕнынмӕ цӕттӕ у.
Бафӕдзӕхсдзӕни дӕ Йӕ зӕдтӕн — дӕ алы фӕндагыл дӕ бахъахъхъӕндзысты.
Дунедарӕгӕн зӕгъы: «Ды — мӕ ирвӕзӕн фидар, мӕ къӕдзӕх, мӕ зӕрдӕ Кӕуыл дарын, уыцы Хуыцау!»
Ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг, сыст, хирвӕссонты бафхӕр!
Цинӕй райут Дунедарӕгыл, ӕгас зӕххы цӕрджытӕ! Цинхъӕр кӕнут, хъӕлдзӕг ут ӕмӕ зарут!
О Дунедарӕг, ӕркӕс нӕм! Ӕркӕс нӕм ӕмӕ фехъус, Санхериб Дӕуӕн, цардӕгас Хуыцауӕн, цы фидистӕ кӕны, уый.
Ассирийы паддзах йӕ хистӕр дзагдары ӕрбарвыста цардӕгас Хуыцауӕн фидистӕ кӕнынмӕ. Тӕхуды ӕмӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, куы фехъусид, куыд ӕй фауынц, уый! Гъемӕ скув, удӕгас ма нӕ чи баззад, уыдоны тыххӕй».
Адӕмтӕ — доны ’ртах къӕртайы, тӕразы уӕлӕ — рыджы мур. Миты тъыфылау фелвасдзӕни денджызы сакъадӕхтӕ.
Ау, ницы зонут? Нӕ фехъуыстат, ӕнӕмӕлгӕ Дунедарӕг — Дунедарӕг Хуыцау — фӕллайгӕ ӕмӕ фӕлмӕцгӕ кӕй нӕ кӕны, уый?
Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын, Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый: «Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты, фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ. Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс, сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.
Зӕххыл арфӕ чидӕриддӕр кура, уый скувдзӕн иузӕрдион Хуыцаумӕ, зӕххыл чидӕриддӕр ард хӕра, уый сомы ракӕндзӕн иузӕрдион Хуыцауӕй». Дунедарӕг зӕгъы: «Уӕ хъизӕмӕрттӕ уӕ ферох уыдзысты, уӕ цӕстӕй дӕр сӕ нал фендзыстут.
Дунедарӕджы рагуац, зӕгъгӕ, мачиуал сдзурӕд, уымӕн ӕмӕ сымахӕй алкӕмӕн дӕр йӕхи ныхӕстӕ рагуацтӕ систы, цардӕгас Хуыцауы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхӕстӕ та сзыгъуыммӕ кодтат.
Хӕхтӕм кӕсын, ӕмӕ ӕнкъуысынц, къуыбыртӕ ӕмризӕджы нырризынц.
Вавилон саст куы ’рцӕуа, уӕд зӕхх нынкъуысдзӕн тохы уынӕрӕй, ӕппӕт адӕмтӕ йын фехъусдзысты йӕ хъӕр.
Зӕхх ӕнкъуысы ӕмӕ ризы, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ныридӕгӕн ӕххӕст кӕны, Вавилоны тыххӕй цы снысан кодта, уый: Вавилоны зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕнын, цӕрӕг дзы куыннӕуал баззайа, афтӕ.
Мӕн фӕндыд, мӕ фын цы амоны, уый бамбарын ӕмӕ Вавилоны куырыхонтӕм фӕсидтӕн.
Ныр ӕз стауын Уӕларвон Паддзахы ӕмӕ Йын кад кӕнын. Йӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр раст сты. Уый ӕрныллӕг кӕндзӕн, сӕрбӕрзондӕй чи цӕуы, уыдоны».
Мӕ паддзахады цӕрджытӕ! Тӕрсут ӕмӕ ӕмризӕджы ризут Даниилы Хуыцауы раз! Уый у цардӕгас ӕмӕ ӕнусон Хуыцау! Йӕ паддзахадӕн фесӕфӕн нӕй, ӕмӕ Йӕ хицаудзинадӕн кӕрон никуы ӕрцӕудзӕн!
Уый у ирвӕзынгӕнӕг, аразы диссӕгтӕ ӕмӕ фенын кӕны ӕвдисӕйнӕгтӕ уӕларвыл ӕмӕ зӕххыл. Йӕ фӕрцы Даниил домбӕйтты дзӕмбытӕй аирвӕзт».
Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыдысты хицаудзинад, кад ӕмӕ паддзахад. Ӕппӕт адӕмтӕ, адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ алы ’взӕгтыл дзурджытӕ ӕрзоныг кодтой Йӕ разы. Йӕ хицаудзинад ӕнусон у, ӕмӕ Йӕ паддзахад сӕфтмӕ никуы ӕрцӕудзӕн.
Дунедарӕгӕн Йе ’фсады раз райхъуысдзӕни Йӕ хъӕлӕс. Ӕнӕнымӕц, тыхджын сты Йӕ фӕндон ӕххӕстгӕнджытӕ, хъусынц Ын Йӕ ныхасмӕ. Ӕвирхъау ӕмӕ тынг тӕссаг у Дунедарӕджы бон! Чи бафӕраздзӕн?
Хӕхтӕ атайдзысты Йӕ быны; мыдадз артӕй куыд акъӕртт вӕййы, къӕдзӕхы фахсыл дон куыд рацӕйзгъоры, афтӕ дӕлвӕзтӕ фӕркгай фӕхаудзысты.
Хӕхтӕ нынкъуысынц, къуылдымтӕ ныззыр-зыр кӕнынц, зӕхх, ӕппӕт дуне ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ нырризынц Йӕ разы.
Чи фӕлӕудзӕн Йӕ масты ныхмӕ? Йӕ масты пиллӕттӕн чи бафӕраздзӕн? Пиллон артау ныккалы Йӕ маст, ӕмӕ Йӕ разы къӕдзӕхтӕ ныппырх вӕййынц!
ныррызтысты Дӕ уындӕй хӕхтӕ. Тыгъдызӕй ныккалдта уӕларвӕй, фурды ӕнӕбын арф ныббогъ кодта, йӕ уылӕнтӕ систа хӕрдмӕ.
сыстади, нынкъуысын кодта зӕхх. Йӕ цӕстӕнгасӕй адӕмтыл ризӕг бахӕцыд; ныппырх сты ӕнусон къӕдзӕхтӕ, рагон къуылдымтӕ зӕххимӕ сиу сты; Йӕ фӕндӕгтӕ — ӕнусон.
Йе ’рцыды бон куы ралӕууа, уӕд чи бафӕраздзӕн? Уый куы фӕзына, уӕд чи нӕ фӕцуддзӕн? Уый у згъӕртайынгӕнӕн пецы арт, сыгъдӕггӕнӕг фӕныкдон.
Симон Петр Ын дзуапп радта: «Ды Чырысти дӕ, цардӕгас Хуыцауы Фырт».
Фӕлӕ Йесо ницы дзырдта. Алчер Ын загъта: «Расомы кӕн цардӕгас Хуыцауы раз, раст ныхас нын кӕй зӕгъдзынӕ, уый тыххӕй: Ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?»
Мыггагмӕйы цард та уый у, цӕмӕй Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Де ’рвыст Йесо Чырыстийы зоной.
«Адӕм, уый цы ми кӕнут? Мах дӕр сымах хуызӕн адӕймӕгтӕ стӕм. Хъусын уын кӕнӕм Фарны Уац, цӕмӕй сымах уӕ мӕнгхуыцӕуттӕй раздӕхат цардӕгас Хуыцаумӕ — арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уыдоны Сфӕлдисӕгмӕ.
Уый у Къӕдзӕх. Ӕнӕлаз у Йӕ алы хъуыддаг дӕр, Йӕ алы фӕндаг дӕр — рӕстаг. Иузӕрдион у Уый, ницы Йӕм ис сайдӕй, рӕстаг у ӕмӕ раст тӕрхон кӕны.
Уымӕн ӕмӕ ма искуыдӕр фендӕуыд, цӕмӕй адӕймаг махау удӕгас Хуыцауы хъӕлӕс фехъуса арты хуылфӕй ӕмӕ удӕгасӕй баззайа?
Сӕхӕдӕг дзурынц, куыд ныл сӕмбӕлдыстут, мӕнгхуыцӕуттӕй Хуыцаумӕ куыд раздӕхтыстут, ууыл — сымах систут цардӕгас ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн цагъартӕ,
Ӕнусон Паддзахӕн — цӕстӕй кӕй нӕ уынӕм, уыцы ӕнӕмӕлгӕ иунӕг Хуыцауӕн — кад ӕмӕ намыс уӕд ӕнусӕй-ӕнустӕм! Аммен.
Ацы царды бонджын чи у, уыдонӕн бацамон, цӕмӕй сӕхиуыл ма фервӕссой ӕмӕ ныфсджын уой, зӕрдӕ дарӕн цы мулкыл нӕй, уымӕй нӕ, фӕлӕ нын зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн алцыдӕр парахатӕй Чи дӕтты, уыцы Хуыцауӕй.
Тӕссаг у цардӕгас Хуыцауы къухтӕм бахауын!
Ноджы ма сын загъта: «Цы диссаг ӕрцӕуа, уымӕй базондзыстут, уе ’хсӕн кӕй ис удӕгас Хуыцау ӕмӕ уын уӕ разӕй кӕй атӕрдзӕн ханаанӕгты дӕр, хеттӕгты дӕр, хиввӕгты дӕр, периззӕгты дӕр, гиргашӕгты дӕр, аморӕгты дӕр, йевусӕгты дӕр.
Мах зонӕм уый дӕр, ӕмӕ Хуыцауы Фырт ӕрцыд ӕмӕ нын радта зонд, ӕцӕг Чи у, Уый куыд базонӕм, афтӕ. Мах баиу стӕм, ӕцӕг Чи у, Уыимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ — Уый у ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ мыггагмӕйы цард.
Ӕз федтон стыр, урс паддзахы бадӕн ӕмӕ уым — Бадӕджы. Йӕ разӕй фӕлыгъдысты арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ сын дун-дунейы бынат нал уыди.
Дунедарӕг! Сеирӕй куы цыдтӕ, Ды куы цыдтӕ Едомы бӕстӕйӕ, — зӕхх ӕнкъуысти, къӕвда уарыди, ӕмӕ мигътӕй лӕдӕрсти дон.
Давид йӕ цуры лӕуджыты бафарста: «Уыцы филистимаджы чи амара ӕмӕ Израилы фидистӕй чи бахиза, уымӕн цавӕр хорзы бацыдӕуыдзӕн? Чи у, чи, уыцы ӕнӕсунӕт филистимаг, цы фидистӕ кӕны удӕгас Хуыцауы ӕфсадӕн?»
Домбайы дӕр ӕмӕ-иу арсы дӕр амардта дӕ цагъар, ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕт филистимаг дӕр ахӕрдзӕн уыдоны хал, уымӕн ӕмӕ фидис кӕны удӕгас Хуыцауы ӕфсадӕн».