2 Дунедарӕг Йеремиайӕн Йӕ ныхас фехъусын кодта, Иудейы паддзах, Амоны фырт Иосиа, ӕртындӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уыцы заман.
Нывондхӕссӕны ’рдӕм Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй ныхъхъӕр кодта: «Нывондхӕссӕн, нывондхӕссӕн! Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Давиды хӕдзарвӕндаджы рантысдзӕни фырт, йӕ ном — Иосиа. Ӕмӕ дыл уый нывондӕн ӕрхӕсдзӕни кувӕн къуыбырты сауджынты, дӕуыл нывӕндтӕ чи хӕсдзӕн, уыдоны, басудздзӕни дыл адӕймӕгты стджытӕ».
Фынгыл ма куыд бадтысты, афтӕ, фӕстӕмӕ йӕ чи раздӕхта, уыцы пехуымпары дзыхы Дунедарӕг бавӕрдта йӕ ныхас,
Йӕ фыдӕлтимӕ куы баиу, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ галуаны дыргъдоны, уый кӕддӕр Уззайы дыргъдон уыди. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Амон.
Фӕлӕ бӕстӕйы адӕм, Амоны ныхмӕ сусӕгвӕнды чи архайдта, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццагътой ӕмӕ йын йӕ бӕсты паддзахӕй расидтысты йӕ фырт Иосиайы.
Йӕ паддзахиуӕджы ӕстдӕсӕм аз Иосиа Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ арвыста Мешулламы байзӕддаг Ацалиайы фырт Шафаны, йӕ нымӕрдары. Бафӕдзӕхста йын:
Дунедарӕг мын фехъусын кодта Йӕ ныхас: «Йеремиа, цы уыныс?» Ӕз дзуапп радтон: «Ӕхсӕры лӕдзӕг».
Дунедарӕг мын фехъусын кодта Йӕ ныхас:
Дунедарӕг ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз азы дӕргъы ныхас кӕны мемӕ, иудейаг паддзах Иосиа, Амоны фырт, ӕртындӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕдӕй абонмӕ. Ӕмӕ ӕз ӕрвылбон уемӕ дзырдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстат.
Пехуымпар Хананиа, Йеремиайы бӕрзӕйыл цы ӕфсондз уыди, уый куы ныссаста, уый фӕстӕ Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:
Паддзах Иосиайы заман мӕм Дунедарӕг раргом ис ӕмӕ мын загъта: Ды Израилы чызгӕн, гадзрахатӕй рацӕуӕгӕн, йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр федтай. Алы къуыбырмӕ, алы къабузджын бӕласмӕ цыди ӕмӕ уым хъахбай митӕ кодта.
«Фыццаг хатт дӕм куы дзырдтон, Иосиайы заманӕй дын абоны онг Иудей, Израил ӕмӕ ӕппӕт адӕмты тыххӕй цыдӕриддӕр загътон, уыдон иууылдӕр тухгӕ чиныджы ныффыс.
Дунедарӕг фехъусын кодта Йӕ ныхас Беерийы фырт Осиайӕн. Уый уыди Иудейы паддзӕхтӕ Озиа, Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заманты, стӕй Израилы паддзах Йеровоамы, Йоасы фырты, заман.
Дунедарӕг Петуелы фырт Иоелӕн загъта:
Дунедарӕг Амиттайы фырт Ионӕйӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас:
Иудейаг паддзӕхтӕ Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заман Дунедарӕг Йӕ ныхас фехъусын кодта морешетаг Михайӕн; цӕстылуайӕны йын раргом чындӕуыд, Самари ӕмӕ Йерусалиммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый:
Ацы чиныджы фыст ӕрцыди Софониайы рагуац Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ. Йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Куши, Гедалиа, Амариа, Езекиа. Дунедарӕг ын ацы рагуац фехъусын кодта, Амоны фырт Иосиа Иудейы паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман.