Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 1:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Ӕрцӕттӕ кӕн дӕхи, цӕугӕ ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхстон, уыдӕттӕ сын фехъусын кӕн. Ма сӕ фӕтӕрс, науӕд дӕ фесафдзынӕн сӕ разы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 1:17
26 Iomraidhean Croise  

Ныр Илийайыл та Дунедарӕг йӕ арм ӕруагъта, ӕмӕ уый йӕ фӕччитӕ йӕ роны атъыста ӕмӕ Ахавы уӕрдоны разӕй суанг Изреелы онг фезгъордта.


Ӕмӕ Дунедарӕджы зӕд Илийайӕн загъта: «Ацу йемӕ, ма дзы тӕрс!» Илийа сыстад ӕмӕ фӕндзайыхицауимӕ паддзахмӕ ацыди.


Елисей Гиезийӕн бафӕдзӕхста: «Дӕ рон ӕрбабӕтт, мӕнӕ дын мӕ лӕдзӕг дӕр, ӕмӕ, фӕстӕмӕ дӕр ма фӕкӕс, афтӕмӕй тагъд цӕугӕ Шунемы сахармӕ. Дӕ фӕндагыл мадӕр салам искӕмӕн ратт, мадӕр, салам дын чи зӕгъа, уымӕн исты дзуапп ратт! Ӕмӕ куыддӕр бахӕццӕ уай, афтӕ-иу мын мӕ лӕдзӕг лӕппуйы цӕсгомыл ӕрӕвӕр!»


Пехуымпар Елисей пехуымпарты ахуыргӕнинӕгтӕй иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Мӕнӕ ацы оливӕйы сойы дурын ӕвӕстиатӕй Галаадаг Рамотмӕ ахӕсс.


Дӕ астӕу ӕрбабӕтт лӕгау, дзуапп дӕттынмӕ ӕрцӕттӕ кӕн дӕхи, Ӕз дӕ фӕрсдзынӕн, ӕмӕ Мын ды зӕгъ:


Хуыцау ын дзуапп радта: «Ӕз демӕ уыдзынӕн. Мӕнӕ, Ӕз дӕ кӕй арвыстон, уый нысан: Мӕ адӕмы Мын Мысырӕй куы ракӕнай, уӕд ӕрбацӕудзыстут ӕмӕ Хуыцаумӕ мӕнӕ ацы хохы сӕр скувдзыстут».


Ды-иу Ааронӕн дзур, Ӕз дын цы фӕдзӕхсон, уый, Аарон та фараонӕн зӕгъдзӕн, цӕмӕй израилӕгты рауадза Мысырӕй.


Абон Ӕз дӕуӕй скодтон фидаргонд сахар, ӕфсӕн цӕджындз ӕмӕ ӕрхуы сис — ацы ӕппӕт зӕхх, Иудейы паддзӕхтӕ ӕмӕ ӕлдӕрттӕн, сауджынтӕн ӕмӕ ацы зӕххы адӕмӕн ныхкъуырд раттынӕн.


Мӕ сурджытӕ фӕхудинаг уӕнт, мӕн та бахиз стыр тасӕй. Фыдбылыз сын бавзарын кӕн, уӕззау цӕфӕй сӕ басӕтт!


Фын чи федта, уыцы пехуымпар-иу йӕ фын адӕмӕн фынау дзурӕд. Мӕ ныхас Мын чи фехъуыста, уый та йӕ раст хъусын кӕнӕд. Цы ис иумӕйагӕй мӕнӕу ӕмӕ зыгуыммӕ? — зӕгъы Дунедарӕг.


Йеремиа уӕздӕттӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн загъта: «Ацы хӕдзар ӕмӕ ацы сахары ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕнынмӕ, стӕй, цыдӕриддӕр фехъуыстат, уыдӕттӕ дзурынмӕ мӕн рарвыста Дунедарӕг.


«Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты ӕрлӕуу ӕмӕ, Иудейы сахарты цӕрджытӕн, бакувынмӕ чи ӕрбацыди, уыдонӕн, цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхсон, уыдӕттӕ иууылдӕр фехъусын кӕн, иу дзырд дӕр дзы ма фӕуадз.


Нериайы фырт Барух Йеремиайы фӕдзӕхст сӕххӕст кодта: чиныджы ныхӕстӕ Дунедарӕджы хӕдзары бакасти.


О, дзуапп куы раттис ды мӕнӕн, куы зӕгъис: «Ма тӕрс!»


«Марадз, хъуыстгонд стыр сахар Ниневимӕ ацу ӕмӕ адӕмӕн, Ӕз дын цы зӕгъын, уый фехъусын кӕн».


Кӕддӕриддӕр ут цӕттӕ — уӕ рӕттӕ ӕрбалвасут ӕмӕ уӕ рухсгӕнӕнтӕ ссудзут.


Сымах зонут, ӕз кӕй ницы басусӕг кодтон, ахъаз уын цы уыди, уымӕй. Ӕппӕт уыдӕттӕ уын амыдтон ӕмӕ уӕ ахуыр кодтон адӕмы раз ӕмӕ хӕдзаргай.


Уымӕн ӕмӕ ӕз алцыдӕр сарӕзтон, цӕмӕй уын Хуыцауы фӕндон фехъусын кӕнон ӕххӕстӕй.


Ӕз Фарны Уац адӕммӕ кӕй хӕссын, уымӕй мӕхицӕй нӕ раппӕлдзынӕн — уый мӕ хӕс у, ӕмӕ додой мӕ сӕр, Фарны Уац адӕммӕ куынӕ хӕссон, уӕд!


Куыд зонут, афтӕмӕй нӕ амӕй размӕ Филиппты бафхӕрдтой ӕмӕ дзы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстам, фӕлӕ нӕ Хуыцауы фӕрцы нӕ ныфс бахастам сымахӕн Йӕ Фарны Уац хъусын кӕнынмӕ, кӕд нӕ ныхмӕ тынг карзӕй лӕууыдысты, уӕддӕр.


Уымӕ гӕсгӕ уӕ зонд кӕддӕриддӕр уӕд ӕвронг ӕмӕ цӕттӕ уӕд архайынмӕ. Уӕ зӕрдӕ фидарӕй дарут, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд цы хорзӕх райсдзыстут, ууыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan