Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 1:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Ӕз цӕгаты паддзахӕдты адӕмтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр фӕсиддзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уыдон ӕрбацӕудзысты ӕмӕ сӕ паддзахы къӕлӕтджынтӕ Йерусалимы кулдуары цур, йӕ систы раз ӕмӕ Иудейы алы сахары дӕр ӕрӕвӕрдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 1:15
24 Iomraidhean Croise  

Дӕ хуыздӕр дӕлвӕзтӕ байдзаг сты тохуӕрдӕттӕй, фыдгулы бӕхӕфсад сахары кулдуары раз ӕрлӕууыд.


Мӕнӕ айхъуысти уац, цӕгатаг зӕххӕй ӕвирхъау уынӕр хъуысы! Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты, хъӕддаг куыйты цӕрӕнбынат.


Дӕу чи нӕ зоны ӕмӕ Дын Дӕ ном чи нӕ ары, уыцы адӕмтыл Дӕ маст ныккал, уымӕн ӕмӕ уыдон аныхъуырдтой, бабын кодтой Йаковы, йӕ хӕдзӕрттӕ йын сафтид кодтой.


«Акӕсут-ма, цӕгатӕрдыгӕй чи ӕрбацӕуы, уыдонмӕ! Кӕм ис дӕ рӕгъау ныр, дӕ диссаджы рӕсугъд фосы дзуг цы фӕци?


Дӕ къухтӕй дын кӕхц куынӕ исой ӕмӕ дзы нуазын куынӕ комой, уӕд-иу сын зӕгъ: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: бануаздзыстут дзы ӕнӕмӕнг!


уый тыххӕй Ӕз фӕсиддзынӕн цӕгаты ӕппӕт адӕмтӕм, стӕй Мӕ цагъар Навуходоносормӕ, Вавилоны паддзахмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ ацы зӕххы, йӕ цӕрджыты ӕмӕ, сӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, ӕппӕт уыдоны ныхмӕ схӕцын кӕндзынӕн. Быныскъуыд сӕ фӕкӕндзынӕн, адӕмыл ӕвирхъау тас куыд бафтауой ӕмӕ хынджылӕггаг куыд суой, афтӕ; гӕныстонмӕ ӕрцӕудзысты мыггагмӕ.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы бынаты тыххӕй сымах дзурут: „Уый у ӕдзӕрӕг быдыр, нал дзы адӕймаг ис, налдӕр фосы мыггаг!“ Фӕлӕ Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы уынгты, адӕм ӕмӕ фосы мыггаг кӕм нал баззад, уым та ногӕй цин, хъӕлдзӕгдзинад ӕмӕ чындзӕхсӕвы уынӕр хъуысдзӕн. Дунедарӕджы хӕдзармӕ арфӕйы нывӕндтӕ чи хӕсдзӕн, уыцы адӕм дзурдзысты: „Уӕларвӕфсады Бардарӕджы стаут, уымӕн ӕмӕ хорзӕхджын у Дунедарӕг, Йӕ хорзӕхтӕ нӕ фесӕфдзысты мыггамӕ!“ Уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы зӕххӕн йӕ раздӕры ӕнӕмаст цард раздахдзынӕн».


Вавилоны паддзах Навуходоносор йе ’фсадимӕ ӕмӕ, кӕй басаста, уыцы паддзахӕдтӕ ӕмӕ адӕмтимӕ Йерусалим ӕмӕ йӕ алыварс сахартыл куы ’рхъула кодта, уыцы заман Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:


Ӕз бардзырд ратдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ фӕстӕмӕ ацы сахармӕ раздӕхдзысты. Ӕрхъула йыл кӕндзысты, бацахсдзысты йӕ ӕмӕ йӕ басудздзысты. Ӕз Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн».


Вавилойнаг паддзахы уӕздӕттӕ бацыдысты сахармӕ ӕмӕ Астӕуккаг кулдуары цур ӕрбадтысты. Уыдоны ’хсӕн уыдысты: Нергал-Шарецер, Самгар-Нево, Сар-Сехим — паддзахы лӕггадгӕнджыты хистӕр, ӕфсӕддон хицау Нергал-Шарецер ӕмӕ Вавилоны паддзахы иннӕ уӕздӕттӕ се ’ппӕт дӕр.


Фехъусын кӕнут адӕмтӕн, расидут Йерусалимы: «Дард бӕстӕй ӕрбацӕуынц ӕнӕнымӕц ӕфсӕдтӕ, Иудейы сахарты сӕ тохы хъӕртӕ хъуысынц.


Уӕ тырыса сисут нысанӕн, цӕмӕй адӕм ӕрбацӕуой Сионмӕ! Ӕвӕстиатӕй лидзут, уымӕн ӕмӕ уӕм Ӕз цӕгатӕй ӕрбауадздзынӕн ӕбуалгъ фыдбылыз!


Зӕгъ сын: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз арвитдзынӕн Мӕ цагъармӕ, вавилойнаг паддзах Навуходоносормӕ, ӕмӕ, цы дуртӕ бамбӕхстон, уыдоныл ын йӕ паддзахы бадӕн ӕрӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ уый йӕ паддзахы цатыр айтындздзӕни сӕ сӕрмӕ.


Ӕмӕ сыл уӕд Мӕ судзгӕ маст ныккалди, Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы уынгты пиллон артӕй ссыгъд, хӕлддзӕгтӕ ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестадысты.


Фӕхудинаг ис Мысыры чызг, цӕгатаг знӕгты къухмӕ бахауд.


Израилы хӕдзарвӕндаг, — зӕгъы Дунедарӕг, — дӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн Ӕз дардӕй ӕрбакӕндзынӕн рагон ӕмӕ тыхджын адӕмы. Се ’взаг сын нӕ зоныс, ӕмӕ сын сӕ ныхӕстӕ не ’мбардзынӕ.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Цӕгатаг бӕстӕй ӕрбацӕуынц адӕм, зӕххы кӕрӕттӕй хъомысджын адӕм сыстадысты!


«Йерусалимы сахар Ӕз хӕлддзӕгты кӕри фестын кӕндзынӕн, хъӕддаг куыйты цӕрӕнбынат. Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты, цӕрӕг сӕ нал ныууадздзынӕн».


Сионы худинаг кӕнынц нӕ устыты, иудейаг сахарты — нӕ чызджыты!


Уым дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц цӕгаты барджын ӕлдӕрттӕ иууылдӕр, стӕй ӕппӕт сидойнӕгтӕ. Уыдон дӕр — хъӕбатыр хӕстонтӕ, уӕлӕуыл цардудтыл ӕфтыдтой стыр тас ӕмӕ, кӕй амардӕуыд, уыдонимӕ ныццыдысты дӕлдзӕхмӕ, уым, карды амӕттаг чи баци, уыдонимӕ дих кӕнынц сӕ худинаг.


Цӕгатӕй уӕм чи ’рбабырста, уыдоны дӕр ӕнӕдон, хус зӕхмӕ фӕсурдзынӕн, сӕ раззагдӕр ӕфсад сын Мард денджызы фесафдзынӕн, фӕсте сӕ фӕдыл чи ’рбацӕуы, уыдоны та — Зӕххастӕуы денджызы. Сӕ мӕрдты смаг уӕлдӕфы ахъардзӕн, уымӕн ӕмӕ бирӕ фыдбылызтӕ сарӕзтой».


Сау бӕхтӕ ацӕудзысты цӕгатмӕ, урсытӕ — ныгуылӕнмӕ, хъулӕттӕ та — хуссармӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan