11 Дунедарӕг мын фехъусын кодта Йӕ ныхас: «Йеремиа, цы уыныс?» Ӕз дзуапп радтон: «Ӕхсӕры лӕдзӕг».
Йаков райста гӕдыбӕласы, миндал-ӕхсӕры ӕмӕ тӕрсы хуылыдз уистӕ, сӕ цъарӕй сын ӕхсӕнмӕ-ӕхсӕнты уадздзӕгтӕ растыгъта, урс куыд адарой, афтӕ
Гъе ахӕм хъысмӕт ис, Ӕз цы ныхас фӕзӕгъын, уымӕн дӕр. Пайда не ’рхӕсгӕйӕ Мӕм фӕстӕмӕ нӕ раздӕхы, фӕлӕ Мын сӕххӕст кӕны Мӕ фӕндон, саразы, цӕй тыххӕй йӕ рарвыстон, уый».
Дунедарӕг мын загъта: «Йеремиа, цы уыныс?» Ӕз Ын дзуапп радтон: «Легъуи бӕласы дыргътӕ, сӕ дзӕбӕхтӕ сты диссаджы рӕсугъд, хӕдӕвзӕрдтытӕ та ахӕм ӕвзӕр сты, ӕмӕ сӕ бахӕрӕн нӕй».
Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг, ӕмӕ Мӕ ныхас сӕххӕст уыдзӕн, аргъӕвӕн ын нал ис. Хиваст адӕм, сымах заманы загътон Ӕз Мӕ ныхас, ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Уымӕ гӕсгӕ сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Мӕ ныхӕстӕй иу дӕр дарддӕр нал аргъӕвдзынӕн. Цы зӕгъон, уый сӕххӕст уыдзӕн“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Мӕнӕ ӕрхӕццӕ ис уыцы бон! Ралӕууыд, ӕрцыди уе сӕфт! Тыхгӕнӕджы лӕдзӕг къуыбар ӕфтауы, схъӕлдзинад та дидинӕг калы.
Дунедарӕг мӕ бафарста: «Цы уыныс, Амос?» Ӕз ын дзуапп радтон: «Ауыгъд зды». Дунедарӕг мын загъта: «Рӕхджы Ӕз Мӕ адӕмы, Израилы, астӕу ауыгъд зды сӕвӕрдзынӕн; нал сын ныббардзынӕн.
Уый мӕ бафарста: «Цы уыныс, Амос?» Ӕз Ын дзуапп радтон: «Рӕгъӕд дыргъты чыргъӕд». Уӕд мын Дунедарӕг загъта: «Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, сӕ кӕрон ӕрцыд, нал сын ныббардзынӕн.
Бафарста мӕ: «Цы уыныс?» Ӕз дзуапп радтон: «Уынын сыгъзӕрин цырагъдарӕн, йӕ цъуппыл — сойы кӕхц, уый сӕрмӕ — авд цырагъы, алы цырагъыл дӕр — авд хӕтӕлы.
Зӕд мӕ бафарста: «Цы уыныс?» Ӕз дзуапп радтон: «Тухгӕ чиныг ӕрбатӕхы уӕлдӕфы: йӕ дӕргъ — ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — дӕс ӕлмӕрины».
Дыккаг бон бацыди Моисей Фембӕлды Цатырмӕ, кӕсы, ӕмӕ Аароны лӕдзӕг, Левийы мыггаджы лӕдзӕг, цъӕх адардта, дидинӕг акалдта, ӕмӕ йе ’хсӕртӕ сцӕттӕ сты.