10 Абон дӕ Ӕз адӕмтӕ ӕмӕ паддзахӕдтӕй фӕуӕлдӕр кодтон, цӕмӕй ӕд уидаг тонай ӕмӕ сафай, дӕрӕн ӕмӕ афтид кӕнай, аразай ӕмӕ тауай».
Галаадмӕ балидзӕг адӕмӕй иу лӕг, тишбийаг Илийа, Ахавӕн загъта: «Сомы дын кӕнын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй: къорд азы дӕргъы нӕ уыдзӕни нӕдӕр къӕвда, нӕдӕр ӕртӕх, цалынмӕ ӕз нӕ зӕгъон, уӕдмӕ».
Хазаелы кардӕй чи аирвӕза, уый йӕ мӕлӕт ссардзӕн Йегуйы къухӕй, Йегуйы кардӕй чи аирвӕза, уый та йӕ мӕлӕт ссардзӕн Елисейы къухӕй.
марынӕн ӕмӕ дзӕбӕх кӕнынӕн; халынӕн ӕмӕ аразынӕн;
«Мады гуыбыны дӕ нӕма сӕвзӕрын кодтон, афтӕ дӕ равзӕрстон, гуырд нӕма уыдтӕ, афтӕ дӕ адӕмтӕн пехуымпарӕй сӕвӕрдтон».
Сӕ фарны сӕраппонд сӕм ӕркӕсдзынӕн ӕмӕ сӕ ацы зӕхмӕ раздахдзынӕн. Мӕ фӕрцы сфидар уыдзысты, ӕмӕ сӕ нал ныддӕрӕн кӕндзынӕн, куы сӕ байтауон, уӕд сӕ нал срӕдувдзынӕн.
Уыцы зӕххӕн рагацау цы снысан кодтон ӕмӕ ацы чиныджы цыдӕриддӕр фыст ис, Йеремиа ӕппӕт адӕмты тыххӕй рагуацы хуызы цыдӕриддӕр загъта, уыдон Ӕз иууылдӕр сӕххӕст кӕндзынӕн.
Раздӕр сӕ мӕ цӕст куыд нӕ истон, цӕмӕй сӕ ныццӕгъдон ӕмӕ ныддӕрӕн кӕнон, ныззыгуым сӕ кӕнон ӕмӕ сӕ фесафон, фыдбылызтӕ сын бавзарын кӕнон, афтӕ сӕ ныр дӕр, аразгӕйӕ ӕмӕ таугӕйӕ, Мӕ цӕст нӕ исдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Абон мӕрдтӕ ӕмӕ фӕнычы бын чи фӕци, уыцы дӕлвӕз, Кедроны цӕугӕдон ӕмӕ, скӕсӕны чи ис, уыцы Бӕхы кулдуары онг цы быдыртӕ ’ххӕссынц, уыдон иууылдӕр Дунедарӕджы уаз зӕххы хай суыдзысты, никуыуал сӕ ничи ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн».
«Фыццаг хатт дӕм куы дзырдтон, Иосиайы заманӕй дын абоны онг Иудей, Израил ӕмӕ ӕппӕт адӕмты тыххӕй цыдӕриддӕр загътон, уыдон иууылдӕр тухгӕ чиныджы ныффыс.
Ӕз уӕм ӕдзухдӕр Мӕ цӕст дардзынӕн — уӕ фарнӕн нӕ, фӕлӕ уӕ фыдбылызӕн! Иудейӕгтӕ Мысыры зӕххыл кард ӕмӕ стонгӕй мӕлдзысты, цалынмӕ бынтон фесӕфой, уӕдмӕ.
«Адӕймаджы фырт! Сныв кӕн, Вавилоны паддзахы кард кӕуылты цӕудзӕн, ахӕм дыууӕ фӕндаджы. Сӕ дыууӕ дӕр уыцы иу зӕххӕй хъуамӕ рацӕуой. Сӕ райдианы сын сныв кӕн амонӕн, алкӕцы дӕр сӕ цы сахармӕ цӕуы, уый амонынӕн.
Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Охола ӕмӕ Охоливайӕн тӕрхонгӕнинаг дӕ ӕви нӕ? Радзур сын се ’лгъаг митӕ.
«Адӕймаджы фырт! Ныхъхъарӕг кӕн, ныронг чи фӕмарди, уыдонау дӕлдзӕхмӕ ныххауинӕгтыл — Мысыры адӕмыл ӕмӕ иннӕ хъомысджын адӕмты чызджытыл.
Ӕмӕ, уӕ алыварс цы адӕмтӕ баззайа, уыдон базондзысты, Ӕз, Дунедарӕг, пырх цы уыд, уый ногӕй кӕй аразын ӕмӕ, гӕныстон цы уыд, уым бӕлӕстӕ кӕй садзын. Ӕз, Дунедарӕг, бакӕндзынӕн, цы загътон, уый».
Ацы цӕстылуайӕн дӕр уыди, Кевары доны цур, стӕй ма иу хатт дӕр кӕй федтон, ахӕм. Ӕмӕ ныддӕлгом дӕн зӕххыл.
Уый аххосӕй уӕ Ӕз Мӕ пехуымпарты дзыхӕй цавтон, Мӕ дзыхы дзырдӕй уӕ мардтон. Хурыскастау ссыгъди уӕ сӕрмӕ Мӕ тӕрхон.
Дунедарӕг Хуыцау сусӕгӕй ницы аразы, алцыдӕр раргом кӕны Йӕ лӕггадгӕнджытӕн, Йӕ пехуымпартӕн.
Уыцы бон Ӕз Давиды пырх цатыр ногӕй сӕвӕрдзынӕн. Йӕ зыхъхъыртӕ йын сӕхгӕндзынӕн, йӕ пырхытӕ йын банывыл кӕндзынӕн, кӕддӕр куыд уыдис, афтӕ та йӕ рацараздзынӕн,
Фӕлӕ Мӕ лӕггадгӕнджытӕн, Мӕ пехуымпартӕн, Ӕз цы ныхӕстӕ ӕмӕ цы уагӕвӕрдтӕ бафӕдзӕхстон, уыдон уӕ фыдӕлты нӕ баййӕфтой ӕцӕг? Ӕмӕ Мӕм уӕд раздӕхтысты ӕмӕ дзырдтой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг нын, нӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цӕй аккаг уыдыстӕм, уый бакодта“».