1 Ацы чиныджы фыст ӕрцыдысты Хилкиайы фырт Йеремиайы ныхӕстӕ. Уый уыдис Анатоты сауджынтӕй, Бениамины зӕххӕй.
Паддзах сауджын Авиафарӕн загъта: «Цӕугӕ Анатотмӕ, дӕ зӕххы хаймӕ, ӕмӕ уым цӕр! Маринаг дӕ, фӕлӕ дын, мӕ фыд Давиды сӕр нымайгӕйӕ, абон хатыр кӕнын. Уымӕн ӕмӕ кӕддӕр мӕ фыды разӕй хастай Дунедарӕг Хуыцауы Фидыды Чырын, ноджы ма мӕ фыдимӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстай».
Бениамины хӕдзарвӕндаджы зӕххыл та — Гевӕ, Алемет ӕмӕ Анатот сӕ хизӕнуӕттимӕ, ӕдӕппӕт ӕртындӕс сахары. Аароны байзӕддӕгтыл уӕрст ӕрцыдысты мыггаггай.
Йеремиа йыл скодта хъарӕг. Уӕдӕй нырмӕ йӕ хъарджыты фӕмысынц бирӕ зарӕггӕнджытӕ, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй. Израилы уый сси фӕтк, уыцы зарджытӕ фыст ӕрцыдысты «Хъарджыты чиныджы».
Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн, ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта. Дунедарӕг ын пехуымпар Йеремиайы уылты цы фӕдзӕхста, уыдон дӕр ницӕмӕ дардта.
Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Йеремиайы уылты цы загъта, уый. Зӕхх дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы дӕргъы уыди гӕныстон, афтид, цалынмӕ, Израил цы сабаты азтӕ нӕ бӕрӕг кодта, уыдон нӕ баххӕст сты, уӕдмӕ.
Йеремиайы уылты цы загъта, уый сӕххӕст кӕныны охыл Дунедарӕг сразӕнгард кодта Персы паддзах Киры йӕ паддзахиуӕджы фыццӕгӕм аз, ӕмӕ уый йӕ паддзахады алы ран дӕр дзыхы ныхасӕй ӕмӕ гӕххӕттыл фыстӕй фехъусын кодта:
Анатотӕй рацӕуджытӕ — сӕдӕ дыууын аст;
Дунедарӕг Хуыцау иудейаг паддзӕхтӕ Озиа, Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заманты Иудей ӕмӕ Йерусалимы сомбоны фӕдыл Амоцы фырт Исайайӕн рагагъоммӕ кӕй равдыста, уыцы цӕстылуайӕнтӕ.
Хъӕрахст кӕн, Галлимы сахар! Хъус ӕм, Лаеша! Бафӕзм ӕй, Анатот!
Амоцы фырт Исайайӕн цӕстылуайӕны Иудей ӕмӕ Йерусалимы фидӕн раргом ис.
Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Анатоты цӕрджыты тыххӕй, дӕ мӕлӕтмӕ дын чи бӕллы ӕмӕ дын афтӕ чи дзуры: «Дунедарӕджы номӕй пехуымпариуӕг ма кӕн, науӕд дӕ амардзыстӕм».
Ӕмӕ уӕдӕ уӕ сахары пехуымпариуӕг чи кӕны, уыцы анатотаг Йеремиайы цӕуылнӕ бауромыс?
Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:
уӕд Йеремиа рацыди Йерусалимӕй, цӕмӕй Бениамины зӕхмӕ ацӕуа, адӕмы ’хсӕн фӕуа ӕмӕ афтӕмӕй сахарӕй ралидза.
халдейаг зӕххыл, Кевары доны был, Дунедарӕг Йӕ ныхас фехъусын кодта сауджын Езекиелӕн, Бузийы фыртӕн. Уыцы ран ыл Дунедарӕджы къух бандзӕвыд.
Ацы чиныджы фыст ӕрцыдысты, Амос, Текоайы фыййӕуттӕй иу, цӕстылуайӕны цы фехъуыста, уыдӕттӕ. Уый уыдис иудейаг паддзах Озиайы ӕмӕ Израилы паддзах Йеровоамы, Йоасы фырты, заман, зӕххӕнкъуыстӕй дыууӕ азы раздӕр.
Вефилы сауджын Амациа паддзах Йеровоаммӕ минӕвары арвыста ахӕм уацимӕ: «Амос израилӕгты дӕ ныхмӕ аразы, зӕхх нал уромы йӕ ныхӕстӕ.
Уыдон Ын загътой: «Чи зӕгъы — Аргъауӕг Иоанн у, чи — Илийа, чи та — Йеремиа кӕнӕ пехуымпартӕй исчи».
Уӕд сӕххӕст ис, пехуымпар Йеремиа цы загъта, уый:
Афтӕ сӕххӕст ис, пехуымпар Йеремиайы уылты цы загъдӕуыд, уый: «Ӕмӕ райстой дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы — Израилы фырттӕ Йын цы аргъ скодтой, уый.