Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йаков 5:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Уӕ сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист сызгӕ сты, се згӕ уӕ ныхмӕ ӕвдисӕн уыдзӕн ӕмӕ уын артау бахӕрдзӕн уӕ буар. Уӕ хӕзнатӕ ӕрӕмбырд кодтат рӕстӕджы кӕрон!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йаков 5:3
19 Iomraidhean Croise  

Лаван загъта: «Абон ацы дурцӕнд нӕ дыууӕйӕн дӕр — ӕвдисӕн». Уымӕ гӕсгӕ йӕ схуыдтой Гал-Ед,


Ацы дурцӕнд ӕмӕ ацы уаз дур уыдзысты ӕвдисӕн, фыдвӕндимӕ дӕм кӕй нӕ бацӕудзынӕн сӕ фаллаг фарсмӕ, ды дӕр мӕм фыдвӕндимӕ кӕй не ’рбацӕудзынӕ сӕ ацы фарсмӕ.


Йаков йӕ фырттӕм басидт ӕмӕ сын загъта: «Ӕрбамбырд ут, ӕмӕ уын радзурон, фидӕны уӕм цы кӕсы, уый.


Фӕлӕбурдта мӕм, мӕ ныхмӕ Йӕхӕдӕг ӕвдисӕн ныллӕууыд, мӕ азымыл мӕ лӕмӕгъдзинад дӕр дзуры.


Дунедарӕджы Кувӕндон цы хохыл ис, уый фӕстагмӕ суыдзӕни хӕхты бӕрзонддӕр, къуылдымты сӕрты акӕсдзӕн; адӕмтӕ йӕм сараздзысты се ’ргом.


Ӕз ацы сахары цӕрджытӕн сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты фыдтӕ бахӕрын кӕндзынӕн. Сӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдон сыл куы ’рхъула кӕной ӕмӕ уынгӕджы ранмӕ куы бахауой, уӕд дзы алчидӕр йӕ сыхаджы буар хӕрынмӕ ӕрцӕудзӕн.


Мӕ адӕмы фыдтӕ Мын хӕрут, сӕ царм сын стигъут, се стджытӕ сын ныммур кӕнут; дзидза аджы сфыцынӕн, цӕджджинаджы ныккалынӕн куыд скӕрдынц, уыйау сӕ ныкъкъуыхтӕ кӕнут.


Фӕстаг заман куы ралӕууа, уӕд, Дунедарӕджы Хӕдзар цы хохыл лӕууы, уый суыдзӕни хӕхты бӕрзонддӕр, къуыбыртӕй фӕуӕлдӕр уыдзӕн, адӕмтӕ йӕм агуылф кӕндзысты.


„Ӕмӕ рӕстӕджыты кӕрон, — зӕгъы Хуыцау, — Ӕз ӕппӕт адӕмы схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй. Пехуымпариуӕг кӕндзысты уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ; уӕ лӕппутӕ уындзысты цӕстылуайӕнтӕ; уӕ хистӕртӕ та — Мӕ лӕвӕрд фынтӕ.


Фӕлӕ ӕнӕсӕттон кӕй дӕ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уымӕй дӕхӕдӕг ноджы карздӕр кӕныс де ’фхӕрд Хуыцауы азары бон, Хуыцау Йӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон куы раргом кӕна, уӕд.


Гангренӕйау ахӕлиу уыдзӕни сӕ ахуырад. Уыдонӕй сты Именей ӕмӕ Филит.


Ӕмӕ Йешуа адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта: «Ацы дур нын уыдзӕни ӕвдисӕн: уый фехъуыста, Дунедарӕг нын цыдӕриддӕр загъта, уыдон. Хуыцауыл уӕхи куы атигъ кӕнат, уӕд ацы дур ӕвдисӕн уыдзӕни уӕ ныхмӕ».


Фыццаджыдӕр зонут, рӕстӕджы кӕрон кӕй фӕзындзысты, сӕ чъизи монцты дӕлбар чи уыдзӕн, ахӕм фауджытӕ. Уыдон уыл худдзысты:


Ды цы сырд ӕмӕ цы дӕс сыкъайы федтай, уыдон уыцы хъахбайӕ се сӕфт фендзысты ӕмӕ йӕ бацарӕфтыд кӕндзысты; ныууадздзысты йӕ бӕгънӕгӕй, бахӕрдзысты йын йӕ фыд ӕмӕ йӕ басудздзысты арты.


Ӕмӕ царды чиныджы фыст кӕй ном нӕ уыди, уый ныппӕрстӕуыд судзгӕ цадмӕ.


Нӕуӕндӕгтӕн ӕмӕ ӕцӕгадыл гадзрахатӕй рацӕуджытӕн, ӕнӕуагтӕн ӕмӕ лӕгмартӕн, хӕлд адӕмӕн ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕн, мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕн ӕмӕ ӕппӕт фӕлитойтӕн та сӕ бынат ис судзгӕ сондоны цады. Уый у дыккаг мӕлӕт».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan