16 Уӕдӕ уӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кӕнут кӕрӕдзийӕн, кувут кӕрӕдзийы тыххӕй ӕмӕ сӕнӕниз уат. Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывды бон бирӕ у.
Гъе афтӕ, Хуыцау Иорданы дӕлвӕзы сахартӕ куы бабын кодта, уӕд нӕ ферох кодта Авраамы — Лоты рагацау рарвыста уыцы фыдохы ранӕй, йӕ цӕрӕнбынатӕй.
Авраам скуывта Хуыцаумӕ, ӕмӕ Хуыцау сдзӕбӕх кодта Авимелехы, уымӕн йӕ ус ӕмӕ йӕ сылгоймаг цагъарты, ӕмӕ сын ногӕй райдыдта сывӕллӕттӕ гуырын.
Ныр сылгоймаджы фӕстӕмӕ йӕ мойӕн ратт. Уый пехуымпар у ӕмӕ дын скувдзӕни, цӕмӕй сӕрӕгасӕй баззайай. Йӕ мойӕн ӕй куынӕ раттай, уӕд та уый зон, ӕмӕ уе сӕфт ӕрцыди дӕуӕн дӕр ӕмӕ дӕ адӕмӕн дӕр».
Уый йын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕн Йаков нӕ, фӕлӕ Израил, уымӕн ӕмӕ ды хӕцыдтӕ Хуыцауимӕ ӕмӕ адӕмыл дӕр уӕлахиз кӕндзынӕ».
ӕмӕ йын загъта: «О мӕ паддзах, ма мӕ бафхӕр мӕ азымы тыххӕй! Мӕ цӕстмӕ мын ма бадар, мӕ бардарӕг, паддзах, Йерусалимӕй куы рацыди, уӕд дӕ цагъар цы тӕригъӕды бацыд, уый. Хӕрам зӕрдӕ мӕм ма бадар, мӕ паддзах.
Уӕд паддзах Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгӕн загъта: «Дунедарӕг Хуыцауы зӕрдӕ мӕм фӕфӕлмӕн кӕн, бакув Ӕм мӕн тыххӕй, цӕмӕй мын мӕ къух фӕстӕмӕ сдзӕбӕх кӕна ӕмӕ та мын тасын райдайа». Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Дунедарӕгмӕ скуывта, ӕмӕ та паддзахӕн йӕ къух раздӕрау йӕ коммӕ кӕсын райдыдта.
Дунедарӕг фехъуыста Езекиайы куывд ӕмӕ ныббарста адӕмӕн.
Уымӕ гӕсгӕ авд гал ӕмӕ авд фысимӕ фӕцӕут мӕ цагъар Иовмӕ ӕмӕ сӕ уӕхи номыл иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕссут, мӕ цагъар Иов сымах тыххӕй скувӕд. Ӕрмӕстдӕр уый куывд айсдзынӕн Ӕз ӕмӕ уӕ нӕ бафхӕрдзынӕн, Мӕ цагъар Иовы хуызӕн раст кӕй нӕ дзырдтат, уый тыххӕй».
Уыдон та мыл ныр мӕ зыны сахат ӕрбамбырд сты ӕмӕ фыр цинӕй райынц, ӕз кӕй фӕкалдтӕн, ууыл. Нӕ йӕ ’мбарын, цы мыл ӕмбырдтӕ кӕнынц ацы фидисгӕнджытӕ, иудадзыг мӕ тухӕнӕй цы марынц!
Моисей-иу йӕ къухтӕ хӕрдмӕ куы сдардта, уӕд-иу уӕлахиз кӕнын райдыдта Израил, дӕлӕмӕ-иу сӕ куы ӕруагъта, уӕд та — Амалек.
Моисей фараоны галуанӕй рацыд. Сахары ӕдде йӕ къухтӕ Дунедарӕгмӕ сдардта, ӕмӕ банцадысты арвы нӕрд ӕмӕ ихуард, арвӕй ӕртах дӕр нал ӕрхауд.
Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕуттӕй дард у, рӕстуды куывдмӕ хъусы.
Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕутты нывӕндтыл ӕлгъ кӕны, рӕстуды куывд ын ӕхсызгон у.
Хуыцауы ’гъдаумӕ хъусын кӕй нӕ фӕнды, уымӕн йӕ куывд дӕр — ӕлгъаг.
Дунедарӕг мын загъта: «Мӕ разы суанг Моисей ӕмӕ Самуел куы ӕрлӕууыдаиккой, уӕд дӕр Ӕз ацы адӕмӕн нӕ фӕтӕригъӕд кодтаин. Фесаф сӕ Мӕ цурӕй, цӕугӕ кӕнӕнт!
балӕгъстӕ Мын кӕн, ӕмӕ дын Ӕз дзуапп ратдзынӕн, цы нӕ зоныс ӕмӕ адӕймаджы зонд цӕмӕ не ’ххӕссы, уыцы диссӕгтӕ дын фенын кӕндзынӕн.
пехуымпар Йеремиамӕ ӕмӕ йын загътой: «Курӕм дӕ, сӕххӕст нын кӕн нӕ курдиат! Адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны тыххӕй Дунедарӕгмӕ, дӕ Хуыцаумӕ, скув. Дӕхӕдӕг ӕй уыныс: чысыл йеддӕмӕ нал стӕм, раздӕр та бирӕ уыдыстӕм.
Адӕм Моисейӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдтой; Моисей Дунедарӕгмӕ скуывта, ӕмӕ арт ахуыссыд.
Уырнындзинад уӕм куы уа, уӕд, уӕ куывды цыдӕриддӕр ракурат, уый райсдзыстут».
ӕргомӕй састысты сӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ сыл Иоанн аргъуыдта Иорданы цӕугӕдоны.
Цыдысты йӕм адӕм Иудейы алы кӕрӕттӕй ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ иууылдӕр, ӕргом састысты сӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ сыл Иоанн аргъуыдта Иорданы цӕугӕдоны.
Ахуыргӕнинӕгтӕ ацыдысты ӕмӕ зылдысты хъӕутыл, алы ран дӕр хъусын кодтой Фарны Уац ӕмӕ дзӕбӕх кодтой рынчынты.
Фӕлӕ мах зонӕм, Хуыцау тӕригъӕдджынтӕм кӕй нӕ хъусы, уый. Чи Йӕ нымайы ӕмӕ Йын Йӕ фӕндон чи ӕххӕст кӕны, Хуыцау уымӕ хъусы.
Сымах зонут, Хуыцау Назаретаг Йесойы кӕй схайджын кодта Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ хъаруйӕ. Йесо цыди ӕмӕ алы ран дӕр арӕзта хорз хъуыддӕгтӕ, дзӕбӕх кодта хӕйрӕджджынты, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йемӕ уыд.
Чи баууӕндыд, уыдонӕй-иу бирӕтӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ ӕргом кодтой се ’взӕр митӕ.
Уӕд Симон дзуапп радта: «Бакувут мӕн тыххӕй Бардарӕгмӕ, ӕмӕ, цы загътат, ахӕмӕй мыл мацы ӕрцӕуа».
Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Нӕй рӕстгӕнӕг, иунӕг дӕр нӕй,
Иу адӕймаджы ӕгоммӕгӕс бирӕтӕй тӕригъӕдджын куыд скодта, афтӕ иу Адӕймаджы коммӕгӕсдзинад бирӕты скӕндзӕни рӕстгӕнджытӕ.
Уымӕ гӕсгӕ, уый цы бон фехъуыстам, уӕдӕй фӕстӕмӕ уын мах дӕр иудадзыг кувӕм ӕмӕ лӕгъстӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, цӕмӕй уын Уый Йӕ фӕндон базонын кӕна, уӕлзонд ӕмӕ уын монон ӕмбарынад ратта.
Кувут иудадзыг.
Уӕдӕ уӕ фарндӕттӕг Хуыцау Йӕхӕдӕг ссыгъдӕг кӕнӕд ӕххӕстӕй — уӕ мон, уӕ уд ӕмӕ уӕ буар — ӕппӕт дӕр нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ӕрцыды бон ӕнаипп куыд разына, афтӕ.
Ӕфсымӕртӕ, кувут мах тыххӕй.
Уырнындзинады фӕрцы ӕрхаста Авел Хуыцауӕн Каины нывондӕй хуыздӕр нывонд. Йӕ уырнындзинады фӕрцы йын Хуыцау райста йӕ нывонд ӕмӕ уымӕй равдыста, Авел рӕстаг кӕй у, уый. Ӕмӕ кӕд Авел амарди, уӕддӕр йӕ уырнындзинады фӕрцы нырма дӕр дзуры.
Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыди, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕм фервӕзтысты, уыцы нау; йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта дунейӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстагыл.
Раст фӕндагыл цӕут, цӕмӕй, къуылых чи у, уый ноджы тынгдӕр ма ныкъкъӕдз уа, фӕлӕ сдзӕбӕх уа.
Кувут мах тыххӕй. Не ’фсарм сыгъдӕг кӕй у, уый нын дызӕрдыггаг нӕу, уымӕн ӕмӕ архайӕм алцӕмӕй дӕр рӕстӕй цӕрыныл.
Дунедарӕг аморӕгты Израилы къухтӕм цы бон радта, уыцы бон Йешуа скуывта Дунедарӕгмӕ, загъта израилӕгты раз: «Ӕрлӕуу, хур, Гивоны сӕрмӕ, ӕрлӕуу, мӕй, Айалоны дӕлвӕзы сӕрмӕ!»
Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ Йӕ буаримӕ систа дзуармӕ, цӕмӕй амӕлӕм тӕригъӕдӕн ӕмӕ цӕрӕм рӕстадӕн. Сымах Йӕ хъӕдгӕмттӕй сдзӕбӕх стут.
Ӕмӕ, цыдӕриддӕр фӕкурӕм, уый Дзы райсӕм, уымӕн ӕмӕ цӕрӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ ӕмӕ Йын нӕ хъуыддӕгтӕ сты фӕндон.
Дунедарӕгмӕ куывта ӕмӕ куывта, Елиа та йӕм касти.
Ныртӕккӕ мӕнӕугӕрдӕнтӕ не сты, ӕви? Фӕлӕ ӕз Дунедарӕгмӕ скувдзынӕн, ӕмӕ Уый рарвитдзӕн ӕрвнӕрд ӕмӕ къӕвда, ӕмӕ сымах базондзыстут ӕмӕ фендзыстут, уӕхицӕн паддзах куы ракуырдтат, уӕд Дунедарӕджы раз стыр тӕригъӕды кӕй бацыдыстут, уый».
Самуел Дунедарӕгмӕ скуывта, ӕмӕ уыцы бон Дунедарӕг рарвыста ӕрвнӕрд ӕмӕ къӕвда. Адӕм тынг фӕтарстысты Дунедарӕгӕй ӕмӕ Самуелӕй.