Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йаков 5:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Ӕмӕ, йӕ бындуры уырнындзинад кӕмӕн ис, уыцы куывдӕй сдзӕбӕх уыдзӕн рынчын, ӕмӕ йӕ Бардарӕг слӕууын кӕндзӕн йӕ къахыл. Кӕд тӕригъӕд ракодта рынчын, уӕд ын хатыргонд уыдзӕни.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йаков 5:15
18 Iomraidhean Croise  

Бӕстӕйы цӕрджытӕй ничиуал рахъаст кӕндзӕн, ӕдзухъом, рынчын дӕн, зӕгъгӕ. Се ’ппӕтӕн дӕр барст ӕрцӕудзӕни сӕ азым.


Йесо сын дзуапп радта: «Уӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕй у, уый тыххӕй. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: хъыцъыйы нӕмыджы йас уырнындзинад уӕм куы уа ӕмӕ мӕнӕ ацы хохӕн афтӕ куы зӕгъат: „Ардыгӕй уӕртӕ уырдӕм ацу“, уӕд ацӕудзӕн. Ӕмӕ ахӕмӕй ницы уыдзӕни, сымахӕн цы нӕ бантыса.


Фӕстӕдӕр ыл Йесо Кувӕндоны амбӕлд ӕмӕ йын загъта: «Ныр ды сдзӕбӕх дӕ. Тӕригъӕд мауал ракӕн, ноджы фыддӕр исты дыл куыннӕ ’рцӕуа, афтӕ».


Мӕ Рарвитӕджы та фӕнды, цӕмӕй Мын кӕй радта, уыдонӕй Ӕз иуы дӕр ма фесафон, фӕлӕ се ’ппӕты дӕр райгас кӕнон Фӕстаг бон.


Хуыцау Йӕ зондмӕ гӕсгӕ куыд снысан кодта, афтӕ дуне йӕхи зондӕй Хуыцауы кӕй нӕ базыдта, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы бафӕндыди дзуары тыххӕй «ӕдылы» Уацы фӕрцы уырнджыты фервӕзын кӕнын.


Мах зонӕм: Бардарӕг Йесойы Чи райгас кодта, Уый мах дӕр Йесоимӕ райгас кӕндзӕни ӕмӕ нӕ Йӕ разы ӕрлӕууын кӕндзӕни уӕ фарсмӕ.


Ӕрмӕст курӕд, кӕй райсдзӕн, ууыл ӕууӕндгӕйӕ ӕмӕ бынтон ӕнӕдызӕрдыгӕй. Уымӕн ӕмӕ дызӕрдыггӕнӕг у, дымгӕ кӕй сисы ӕмӕ кӕмӕй фӕхъазы, уыцы денджызон уылӕнау.


Хъизӕмар уӕ исчи ӕвзары? Кувӕд. Амондджын уӕ исчи у? Зарӕд Хуыцауӕй ӕппӕлӕн зарджытӕ.


Уӕдӕ уӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кӕнут кӕрӕдзийӕн, кувут кӕрӕдзийы тыххӕй ӕмӕ сӕнӕниз уат. Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывды бон бирӕ у.


уӕд зонӕд: чи адзӕгъӕл ис, ахӕм тӕригъӕдджыны раздахӕг ын мӕлӕтӕй фервӕзын кӕндзӕн йӕ уд, ӕмӕ йын барст ӕрцӕудзысты бирӕ тӕригъӕдтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan