6 Уыйхыгъд нын Хуыцау ноджы фылдӕр хорзӕх дӕтты. Уымӕ гӕсгӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».
Уӕд Езекиа ӕрфӕсмон кодта, йӕхиуыл кӕй фервӕссыди, ууыл, Йерусалимы цӕрджытӕ дӕр афтӕ, ӕмӕ сӕ, цалынмӕ Езекиа ӕгас уыди, уӕдмӕ Дунедарӕг Йӕ азары хай нал бакодта.
Менассиа уынгӕг ранмӕ куы бахауд, уӕд Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн, лӕгъстӕ кӕнын байдыдта, йӕ фыдӕлты Хуыцауы раз тынг ӕрфӕсмон кодта.
«Хозайы чиныджы» фыст ӕрцыдысты Менассиайы куывд, Хуыцау ӕм Йӕ хъус куыд ӕрдардта, уый, йе ’рфӕсмоны размӕ йӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ йӕ фыдракӕндтӕ иууылдӕр, стӕй кувӕн къуыбыртӕ, Ашерӕйы цӕджындзтӕ ӕмӕ гуымирытӕ кӕмыты скодта, уыдӕттӕ.
Йӕ фыд Менассиайы хуызӕн, Амон не ’рфӕсмон кодта Дунедарӕджы раз, фӕлӕ ма йӕ тӕригъӕдтӕ ноджы фӕфылдӕр сты.
Ӕмӕ ды, ацы сахар ӕмӕ йӕ цӕрджытӕн цы бакӕнынмӕ хъавын, уый куы фехъуыстай, уӕд Дунедарӕджы раз кӕй ӕрфӕсмон кодтай, дӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм кӕй арӕдывтай ӕмӕ Мӕ разы дӕ цӕссыг кӕй калдтай, уый тыххӕй дӕ Ӕз дӕр фехъуыстон, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Уымӕн ӕмӕ Уый сӕрыстыры ӕрныллӕг кӕны, фервӕзын кӕны ныфссасты.
Ды алцы куыд зоныс, уый мӕ ӕфтауы стыр дисы, мӕ зонд ӕй нӕ ахсы!
Кады зарӕг кӕнут Дунедарӕгӕн, Сионы Паддзахӕн, адӕмтӕн хъусын кӕнут Йӕ хъуыддӕгтӕ.
Ныр ӕз базыдтон, иннӕ хуыцӕуттӕ сӕхи цыфӕнды бӕрзонд куы ӕвӕрой, уӕддӕр Дунедарӕг се ’ппӕтӕй уӕлдӕр кӕй у, уый!».
Дунедарӕджы тас ахуыр кӕны уӕлзондыл, кады разӕй цӕуы сӕрныллӕгдзинад.
Хъӕздыгӕн йӕ исбон — йӕ фидар мӕсыг, бӕрзонд сисау ӕм кӕсы.
Сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ Дунедарӕджы тас — сӕ фӕдыл цӕуынц хъӕздыгдзинад, цыт ӕмӕ цард.
Сӕрыстыр йӕхи сӕгад кӕндзӕн, сӕрныллӕг та скадджын уыдзӕн.
Искӕуыл чи худы, ууыл Хуыцау фӕхуддзӕн, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты.
Адӕймаджы ӕнӕввӕрсондзинадӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн, сӕрыстыртӕ ӕркъул кӕндзысты сӕ сӕртӕ. Уыцы бон ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг уыдзӕни бӕрзонд,
Уысмы бӕрц дӕ ныууагътон, фӕлӕ дӕ бирӕ уарзын ӕмӕ дӕ ӕрхондзынӕн фӕстӕмӕ.
Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын, Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый: «Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты, фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ. Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс, сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.
Кӕмӕ ис, уымӕн ноджы фылдӕр рардӕуыдзӕн, ӕмӕ йӕм бирӕ уыдзӕнис; кӕмӕ нӕй, уымӕй та ист ӕрцӕудзӕни, цы йӕм ис, уый дӕр.
Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн. Йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн.
Тыхджынты раппӕрста сӕ бадӕнтӕй ӕмӕ сбӕрзонд кодта сӕрныллӕгты.
Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд бынаты чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи ныллӕг чи кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн».
Зӕгъын уын, йӕ хӕдзармӕ хъалонисӕг Хуыцауӕй хатыргондӕй ацыд, фарисей та — нӕ. Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд чи кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн».
Бардарӕджы раз ӕрныллӕг кӕнут уӕхи ӕмӕ уӕ сбӕрзонд кӕндзӕн.
Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, кӕсут хистӕрты коммӕ. Уырнджытӕ, уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы раз ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».
Схъӕл ныхӕстӕ ныууадзут, къӕйных ныхас ма схауӕд уӕ дзыхӕй, — Дунедарӕг алцызонӕг Хуыцау у, алы хъуыддагӕн дӕр аргъгӕнӕг Уый у.