Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йаков 4:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 сымах фыр хъалӕй уӕхицӕй ӕппӕлут. Алы ахӕм хиппӕлой ми дӕр фыдбылыз у.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йаков 4:16
11 Iomraidhean Croise  

Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Махалат»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды зондамонӕн псалом.


Тӕхуды ӕмӕ Израилӕн Сионӕй ирвӕзындзинад лӕвӕрд куы ’рцӕуид! Хуыцау Йӕ адӕмы уацарӕй куы раздаха, уӕд Йаков ныццин кӕндзӕни, ӕмӕ Израил райдзӕни.


Мигътӕ ӕмӕ дымгӕ ӕнӕ къӕвдайӕ — уыдоны ’нгӕс у, кӕй нӕ ракодта, ахӕм лӕвӕрттӕй чи феппӕлы, уыцы адӕймаг.


Райсомы бонӕй ма раппӕл, — йемӕ цы ’рхӕсдзӕн, уый нӕ зоныс.


Фыдмитӕ кодтай ӕмӕ ницӕмӕй тарстӕ, дзырдтай, ничи мӕ уыны, зӕгъгӕ. Дӕ куырыхон зонд ӕмӕ дӕ дӕ зонындзинӕдтӕ фӕсайдтой, дӕ мидзӕрдӕйы, мӕнӕн ӕмбал нӕй, зӕгъгӕ, куы дзырдтай, уӕд.


Раппӕлинагӕй уӕм ницы ис. Армыдзаг ӕнхъизӕн хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕй сӕнхъизын кӕны, уый нӕ зонут, ӕви?


Фӕлӕ кӕд уӕ зӕрдӕ хӕлӕг ӕмӕ хи уарзынӕй ӕмыдзаг у, уӕд ма ӕппӕлут уӕхицӕй ӕмӕ ӕцӕгад ма ӕмбӕхсут уӕ гӕды ныхӕсты аууон.


Уымӕн ӕмӕ, дунейы цыдӕриддӕр ис — тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцтӕ, цӕсты монцтӕ ӕмӕ хъал царды цӕстӕй кӕсын, — уыдон Фыдӕй ратгӕ не сты, фӕлӕ сты ацы дунейӕ.


Цас хъал уыд ӕмӕ цас парахатӕй царди, уыйас ын бавзарын кӕнут хъизӕмар ӕмӕ маст. Уымӕн ӕмӕ хинымӕр зӕгъы: „Ӕз ус-паддзахау бадын, ӕз идӕдз нӕ дӕн ӕмӕ маст нӕ бавзардзынӕн!“


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan