15 «Бардарӕджы куы бафӕнда, уӕд мах уыдзыстӕм удӕгас ӕмӕ сараздзыстӕм уый дӕр ӕмӕ уый дӕр», — афтӕ дзурыны бӕсты
Адӕймаджы зӕрдӕйы бирӕ фӕндтӕ ис, фӕлӕ, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг цы сфӕнд кодта, уый сӕххӕст уыдзӕн.
Кӕй бон ма у ӕрмӕст зӕгъын, цӕмӕй Йӕ ныхас сӕххӕст уа? Йӕ бар нӕ цӕуы алцӕуыл?
Цӕуыны размӕ сын загъта: «[Цы бӕрӕгбон ӕрхӕццӕ кӕны, уый ӕз ӕнӕмӕнг Йерусалимы хъуамӕ арвитон.] Хуыцауы фӕндӕй та уӕм ӕрыздӕхдзынӕн». Ӕмӕ науы ацыдис Эфесӕй.
ӕмӕ иудадзыг курын, кӕд Хуыцауӕн фӕндиаг уа, уӕд мын, ӕппынфӕстаг, куыд бантыса сымахмӕ фӕцӕуын.
Ӕмӕ уӕм, Хуыцауы фӕндӕй, уӕд зӕрдӕрухсӕй фӕзындзынӕн, ӕмӕ мӕ уд ӕрулӕфдзӕн уемӕ.
Нӕ мӕ фӕнды сымахмӕ ӕхстуадӕй бауайын — Бардарӕджы фӕндӕй, иу цасдӕр уӕм кӕй фӕуыдзынӕн, ууыл мӕ зӕрдӕ дарын.
Фӕлӕ кӕд Хицауы бафӕнда, уӕд уӕм рӕхджы ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уыцы хъалтӕн бафӕлвардзынӕн сӕ ныхӕстӕ нӕ, фӕлӕ сӕ хъару,
Хуыцау фадат куы ратта, уӕд нӕ къухы бафтдзӕни дарддӕр ацӕуын.
сымах фыр хъалӕй уӕхицӕй ӕппӕлут. Алы ахӕм хиппӕлой ми дӕр фыдбылыз у.