12 Ӕгъдауӕвӕрӕг ӕмӕ Тӕрхонгӕнӕг ис ӕрмӕстдӕр иу, Йӕ бон у фервӕзын кӕнын дӕр ӕмӕ фесафын дӕр. Ды та чи дӕ, ӕмӕ хионӕн тӕрхон кӕнай?
«Ды чи дӕ, цӕмӕй Мӕ фӕнды ныхмӕ ӕнӕзонд ныхӕстӕ кӕнай?
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг нӕ Тӕрхонгӕнӕг у, нӕ Уагӕвӕрӕг, нӕ Паддзах! Фыдгулӕй нӕ бахиздзӕн.
Ма тӕрсут, буар чи мары, фӕлӕ уд амарын кӕй бон нӕу, уыдонӕй. Тӕрсут, уд дӕр ӕмӕ буар дӕр зындоны фесафын Кӕй бон у, Уымӕй.
Тӕрсын уӕ кӕмӕй хъӕуы, уый уын Ӕз зӕгъдзынӕн: амарыны фӕстӕ зындоны ныппарын Кӕй бон у, Уымӕй тӕрсут. О, зӕгъын уын, Уымӕй тӕрсут.
Уӕдӕ кӕрӕдзийӕн тӕрхон мауал кӕнӕм. Уый нӕ, фӕлӕ архайут, цӕмӕй уе ’фсымӕр уӕ аххосӕй ма фӕкӕла ӕмӕ тӕригъӕды ма бацӕуа.
Ды чи дӕ, ӕмӕ искӕй цагъарӕн тӕрхон кӕнай? Йӕ къӕхтыл лӕууы ӕви ахауд — уый йын йӕ Хицау равзардзӕн. Уӕддӕр слӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн Йӕ бон у уый йӕ къахыл слӕууын кӕнын.
Уӕдӕ, чидӕриддӕр ма у, искӕмӕн тӕрхон куы кӕнай, уӕд дын уый ныххатыр кӕнӕн нӕй. Искӕмӕн тӕрхон кӕнгӕйӕ, ды дӕхицӕн дӕр тӕрхон кӕныс, уымӕн ӕмӕ, цӕй тыххӕй тӕрхон кӕныс, дӕхӕдӕг дӕр уый гӕнӕг дӕ.
Ды та чи дӕ, адӕймаг, ӕмӕ Хуыцауимӕ быцӕу кӕнай? Мигӕнӕн йе скӕнӕгӕн, мыййаг, зӕгъдзӕн: «Афтӕ мӕ цӕмӕн скодтай?»
Ӕмӕ, Йӕ фӕрцы Хуыцаумӕ чи ӕрцӕуы, уыдоны бынтон фервӕзын кӕнын Йӕ бон у, уымӕн ӕмӕ мыггагмӕ ӕгас у, цӕмӕй Хуыцауӕй кура уыдоны тыххӕй.
Кӕрӕдзийӕ хъаст ма кӕнут, ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ тӕрхонгонд ма уат. Тӕрхонгӕнӕг ныридӕгӕн къӕсӕрыл лӕууы.
уӕд сын Навал ахӕм дзуапп радта: «Чи у Давид? Чи у Йессейы фырт? Сбирӕ сты абон, сӕ хицӕуттӕй чи алыгъд, ахӕм цагъартӕ.