8 Ӕвзаджы та йӕ дӕлбар бакӕнын адӕмӕй никӕй бон у. Уый у, бауромӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм фыдбылыз, мӕлӕтхӕссӕг маргӕй йемыдзаг.
О Дунедарӕг, ме ’взагӕн мын уромӕг сӕвӕр, мӕ дзыхы дуар мын бахъахъхъӕн.
Ӕнӕхуыцӕуттӕ сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ галиу фӕндагыл лӕууынц, сӕ райгуырынӕй адзӕгъӕл сты, сайынц.
Амарынвӕнд мӕ скодтой, бабадтысты мӕ размӕ. О Дунедарӕг, нӕдӕр фыдракӕнд сарӕзтон, нӕдӕр — тӕригъӕд, афтӕмӕй мыл ӕртыхстысты тыхгӕнджытӕ!
цӕмӕй Дӕ уарзон адӕм фервӕзой. Дӕ рахиз къухӕй нӕ фервӕзын кӕн, нӕ куывд нын фехъус.
Сайӕгой зӕрдӕ хорзӕй ницы фендзӕн, мӕнгард ӕвзаг фыдбылызы бахаудзӕн.
Калмӕн фӕхӕцыны бар куы радтай, уӕд, кӕлмытӕн кӕлӕнтӕ кӕнынмӕ цыфӕнды дӕсны куы уай, уӕд дӕр дзы пайда нал уыдзӕн.
Сӕ дзых — гом ингӕн, се ’взаг — мӕнгард, сӕ былтыл — калмы марг.
Калмы, сау калмы марг — сӕ сӕн.
Ӕвзаг дӕр у зынг, фыдбылызы дунейы ӕнгӕс. Ӕвзаг нӕ буары иннӕ уӕнгты ӕхсӕн ахӕм у, ӕмӕ фӕчъизи кӕны ӕгас буар дӕр, арт бафтауы не ’ппӕт цардыл, йӕхӕдӕг та зындоны артӕй ссудзы.
Адӕймагӕн йӕ бон у алы сырдты ӕмӕ мӕргъты, хилджыты ӕмӕ денджызон цӕрӕгойты йӕ дӕлбар бакӕнын, ӕмӕ сӕ йӕ дӕлбар дӕр кӕны.
Ӕмӕ стыр залым, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан кӕй хонынц, ӕппӕт дуне чи фӕливы, уыцы рагон калм, ӕппӕрст ӕрцыд йӕ бынатӕй. Йемӕ йын зӕхмӕ раппӕрстӕуыд йӕ зӕдты дӕр.