7 Адӕймагӕн йӕ бон у алы сырдты ӕмӕ мӕргъты, хилджыты ӕмӕ денджызон цӕрӕгойты йӕ дӕлбар бакӕнын, ӕмӕ сӕ йӕ дӕлбар дӕр кӕны.
уымӕн ӕмӕ-иу ыл бирӕ хӕттыты хъадамантӕ бакодтой ӕмӕ-иу ӕй рӕхыстӕй сбастой, фӕлӕ-иу уый арӕдывта йӕ рӕхыстӕ ӕмӕ-иу йӕ хъадамантӕ ныссаста. Йӕ басӕттыны хъару никӕмӕ уыди.
Уыди дзы алыхуызон цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕ, хилджытӕ ӕмӕ уӕларвон мӕргътӕ.
Ӕвзаг дӕр у зынг, фыдбылызы дунейы ӕнгӕс. Ӕвзаг нӕ буары иннӕ уӕнгты ӕхсӕн ахӕм у, ӕмӕ фӕчъизи кӕны ӕгас буар дӕр, арт бафтауы не ’ппӕт цардыл, йӕхӕдӕг та зындоны артӕй ссудзы.
Ӕвзаджы та йӕ дӕлбар бакӕнын адӕмӕй никӕй бон у. Уый у, бауромӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм фыдбылыз, мӕлӕтхӕссӕг маргӕй йемыдзаг.