Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йаков 3:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Цӕмӕй бӕх нӕ коммӕ кӕса, уый тыххӕй йын идоны къӕбӕлтӕ йӕ дзыхы куы бакӕнӕм, уӕд нӕ бар фӕцӕуы йе ’ппӕт буарыл дӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йаков 3:3
7 Iomraidhean Croise  

Мӕ ныхмӕ кӕй рацыдтӕ, стӕй Мӕм де ’нӕнымӕц ӕфсӕдты уынӕр кӕй сыхъуыст, уый тыххӕй дын Ӕз дӕ фындзыл бакӕндзынӕн цӕг, дӕ дзыхы та — уидоны къӕбӕлтӕ ӕмӕ, кӕуылты ӕрбацыдтӕ, ууылты дӕ фӕстӕмӕ аздахдзынӕн.


йӕ комулӕфтӕй сзынг вӕййы ӕвзалы, арт цӕуы йӕ комӕй.


Уымӕн ӕмӕ Уый загъта — ӕмӕ сӕххӕст ис; Уый бардзырд радта — ӕмӕ сси афтӕ.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.


Дӕ къӕйных ӕмӕ де схъӕлдзинады кой Мӕ хъустыл кӕй ауад, уый тыххӕй дын дӕ фындзыл цӕг бакӕндзынӕн, дӕ дзыхы — идоны къӕбӕлтӕ ӕмӕ дӕ, кӕуылты ӕрбацыдтӕ, ууылты фӕстӕмӕ аздахдзынӕн“.


Кӕд исчи йӕхи уырнӕгыл нымайы, йе ’взагыл та йӕ бар нӕ цӕуы, уӕд йӕхӕдӕг йӕхи сайы ӕмӕ йӕ уырнындзинад ӕнӕпайда у.


Кӕс-ма, наутӕ дӕр кӕд цыфӕнды стыр сты ӕмӕ сӕ тыхджын дымгӕтӕ размӕ скъӕрынц, уӕддӕр сӕ гыццыл здахӕн саразы, наутӕрӕджы кӕдӕм фӕфӕнды, уыцырдӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan