1 Ме ’фсымӕртӕ, иууылдӕр ахуыргӕнджытӕ суӕвынмӕ ма тырнут. Махӕй, ахуыргӕнджытӕй, карздӕрӕй кӕй ӕрдомдӕуыдзӕн, уый сымахӕн зындгонд у.
Моисей Ааронӕн загъта: «Гъе уымӕн дзырдта Дунедарӕг: „Мӕ разы чи лӕууы, уыдоныл Ӕз равдисдзынӕн, уаз кӕй дӕн, уый, мӕ кад ӕппӕт адӕмы раз равдисдзынӕн“». Аарон хъусӕй лӕууыд.
Уыдӕттӕ чи кӕны ӕмӕ афтӕмӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн нывӕндтӕ чи хӕссы, уымӕн Дунедарӕг Израилы цатырты йӕ байзӕддӕгты иууылдӕр ныццӕгъддзӕн.
Ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕгӕй уӕлдӕр нӕу, цагъар — йӕ хицауӕй.
Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Адӕмӕн Уӕларвон Паддзахады дуар ӕхгӕнут; уӕхӕдӕг дӕр ӕм нӕ цӕут ӕмӕ йӕм бацӕуын кӕй фӕнды, уыдоны дӕр нӕ уадзут.
[Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Сымах сафтид кӕнут идӕдз устыты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ адӕмы цӕстмӕ кувынӕй не ’фсӕдут. Уый тыххӕй карз ӕфхӕрд баййафдзыстут.]
Фарисейтӕ уый куы федтой, уӕд Ын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдтой: «Уӕ Ахуыргӕнӕг хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ иу фынгыл цӕмӕн бады?»
Уый йӕм фӕсидт ӕмӕ йын загъта: „Уый дӕ цытӕ хъусын? Дӕ бӕрны цы уыди, уымӕн хыгъд скӕн ӕмӕ мӕм ӕй ратт, нырӕй фӕстӕмӕ мӕ исбонӕн уынаффӕ кӕнынӕй сӕрибар дӕ“.
Тӕрхонгӕнӕг макӕмӕн ут, ӕмӕ уын Хуыцау дӕр не стӕрхон кӕндзӕн. Макӕй фаут, ӕмӕ уӕ Хуыцау дӕр нӕ рафаудзӕн. Хатыр кӕнут, ӕмӕ уын Уый дӕр ныххатыр кӕндзӕн.
Йесо йын дзуапп радта: «Ды Израилы адӕмы ахуыргӕнӕг куы дӕ, уӕд ӕй нӕ зоныс?
Антиохийы аргъуаны уыди пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ: Варнавӕ, Нигер кӕй хуындӕуыд, уыцы Симеон, киренӕйаг Лукий, ӕлдариуӕггӕнӕг Иродимӕ чи хъомыл кодта, уыцы Манаин, ӕмӕ Савл.
Ӕмӕ Хуыцау уыдонӕй иуты аргъуаны сӕвӕрдта, фыццаджыдӕр, апостолтӕй, дыккаджы — пехуымпартӕй, уый фӕстӕ — ахуыргӕнджытӕй. Уый иутӕн радта диссӕгтӕ ӕвдисыны тых, стӕй низтӕй дзӕбӕх кӕныны, ӕххуыс кӕныны, разамынд дӕттыны ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл дзурыны курдиӕттӕ.
Уымӕн ӕмӕ не ’ппӕты дӕр Чырыстийы тӕрхоны раз ӕрлӕууын бахъӕудзӕни, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцӕуа, йӕ буары ма куы уыди, уӕд хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ.
Ӕмӕ Уый иуты сӕвӕрдта апостолтӕй, иннӕты — пехуымпартӕй, аннӕты — Фарны Уац хъусынгӕнджытӕй, кӕйдӕрты та — фыййӕуттӕй ӕмӕ ахуыргӕнджытӕй,
Динамонджытӕ суой, уый сӕ фӕнды, фӕлӕ, цы дзурынц, уый дӕр не ’мбарынц, стӕй, цӕуыл баууӕндын кӕныныл архайынц, уый дӕр.
Уымӕ гӕсгӕ Уый мӕн сӕвӕрдта Хуыцауы ныхас хъусынгӕнӕгӕй, апостолӕй ӕмӕ — ӕцӕг зӕгъын, нӕ сайын! — уырнындзинад ӕмӕ ӕцӕгад амонӕгӕй.
Уыцы Фарны Уацы фидиуӕг, апостол ӕмӕ ахуыргӕнӕг сдӕн ӕз Хуыцауы фӕндӕй!
Уӕ хистӕртӕ сымах удтыл тыхсынц — сымах тыххӕй сӕ дзуапп дӕттын бахъӕудзӕн, ӕмӕ сӕм хъусут, кӕсут сӕ коммӕ, цӕмӕй кусой ӕнкъардӕй нӕ, фӕлӕ цингӕнгӕ. Ӕнкъардӕй куы кусой, уӕд уый уӕ пайдайӕн нӕу.
Ма фӕдзӕгъӕл ут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ.
Уӕ зӕрдыл бадарут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ: алчидӕр рӕвдз уӕд байхъусынмӕ, рагацау хъуыды кӕнӕд йӕ ныхасыл, мӕстыгӕр ма уӕд.
Иу дзыхӕй рацӕуы арфӕ ӕмӕ ӕлгъыст. Ме ’фсымӕртӕ, уый хъуамӕ афтӕ ма уа.
Уӕ бӕрны чи ис, уыдонӕн ӕлдӕрттӕ ма ут, фӕлӕ дзугӕн ут фӕзминаг.