Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йаков 2:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, сымах уымӕ куы бакӕсат ӕмӕ йын куы зӕгъат: «Сбад ацы хорз бынаты», мӕгуырӕн та куы зӕгъат: «Ды уым слӕуу» кӕнӕ: «Ӕрбад ам, мӕ къӕхты раз»,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йаков 2:3
8 Iomraidhean Croise  

Йӕхицӕн бинойнаг чи ссардта, уый — фӕрнджын, Дунедарӕджы хорзӕхӕй схайджын ис.


Чи сыл амбӕлы, уымӕн фӕзӕгъынц, ӕрлӕуу, хӕстӕг мӕм ма ’рбацу, дӕуӕй хъауджыдӕр ӕз сыгъдӕг дӕн. Ацы адӕм Мын Мӕ маст рафыцын кодтой, ӕмӕ алы бон дӕр судзы ӕнӕахуысгӕ пиллон артау.


Ирод ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕ Йесойы ӕгады бынаты сӕвӕрдтой, сӕхицӕн дзы хъазӕнхъул сарӕзтой. Уый фӕстӕ Йыл Ирод зынаргъ дарӕс скӕнын кодта ӕмӕ Йӕ фӕстӕмӕ Пилатмӕ арвыста.


Уымӕн ӕмӕ сымах зонут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх. Йесо хъӕздыг уыди, фӕлӕ уӕ сӕраппонд Йӕхи сгӕвзыкк кодта, Йӕ гӕвзыккӕй сымах куыд схъӕздыг уат, афтӕ.


Зӕгъӕм, уе ’мбырдмӕ бацыд адӕймаг сыгъзӕрин къухдарӕнимӕ, зынаргъ дарӕсы. Бацыд мӕгуыр дӕр бызгъуыр дарӕсы.


Сымах та мӕгуыры ницӕмӕ ӕрдардтат. Бонджынтӕ уӕ не ссӕндынц ӕмӕ уӕ тӕрхондӕттӕм уыдон нӕ рарвит-барвит кӕнынц, мыййаг?


Уыдон сты хъуырхъуыргӕнджытӕ, райгонд ницӕмӕй сты, цӕрынц сӕ монцтӕм гӕсгӕ, ӕмхиц сты хиппӕлой ныхӕстӕ ӕмӕ козбау митӕм сӕхи пайдайы сӕраппонд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan