Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йаков 2:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Афтӕ, хӕтаг сылгоймаг Рахав дӕр сгарджыты куы суазӕг кодта ӕмӕ сӕ ӕдас фӕндагыл куы арвыста, уӕд ӕй Хуыцау йӕ хъуыддӕгты фӕрцы не сраст кодта, ӕви?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йаков 2:25
15 Iomraidhean Croise  

Салмонӕн Рахавӕй райгуырд Боаз, Боазӕн Руфӕй — Овед, Оведӕй райгуырд Йессей;


Уыцы дыууӕйӕ йӕ фыды фӕндон чи сӕххӕст кодта?» Уыдон Ын загътой: «Фыццаг». Ӕмӕ сын Йесо афтӕ: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: хъалонисджытӕ ӕмӕ хъахбай сылгоймӕгтӕ сымахӕй раздӕр бацӕудзысты Хуыцауы Паддзахадмӕ.


Йасон сӕ суазӕг кодта. Уыдон халынц кесӕры уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ дзурынц, зӕгъгӕ, ис ӕндӕр паддзах — Йесо».


Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы хӕтаг Рахав суазӕг кодта сгарджыты ӕмӕ нӕ бабын ис ӕнӕсӕттонтимӕ.


Фӕлӕ исчи зӕгъдзӕн: «Дӕумӕ уырнындзинад ис, мӕнмӕ та — хъуыддӕгтӕ». Фенын мын кӕн дӕ уырнындзинад ӕнӕ хъуыддӕгтӕй, ӕз та дын мӕ уырнындзинад мӕ хъуыддӕгтӕй равдисдзынӕн.


Куыд уыныс, афтӕмӕй йӕ уырнындзинад ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм цыдысты, хъуыддӕгты фӕрцы йӕ уырнындзинад сси ӕнаипп.


Куыд уынут, афтӕмӕй Хуыцау адӕймаджы сраст кӕны ӕрмӕст уырнындзинады фӕрцы нӕ, фӕлӕ хъуыддӕгты фӕрцы дӕр.


Нуны фырт Йешуа Ситтимӕй дыууӕ сгарӕджы арвыста сусӕгӕй, бафӕдзӕхста сын: «Цӕут, фенут уыцы зӕхх, уӕлдайдӕр — Йерихон». Сгарджытӕ араст сты Йерихонмӕ ӕмӕ уым се ’хсӕв бахастой иу хӕтаг сылгоймаг Рахавы хӕдзармӕ.


Рахавы хӕдзар уыди сахары сисы мидӕг, ӕмӕ сӕ рудзынгӕй ӕруагъта бӕндӕныл.


Загъта сын: «Хӕхтӕм уал уӕхи айсут, фӕдисӕттӕ уыл куыннӕ амбӕлой, афтӕ ӕмӕ уым ӕртӕ боны дӕргъы ӕмбӕхстӕй абадут, цалынмӕ адон фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхой, уӕдмӕ, стӕй уӕхионтӕм ацӕудзыстут».


Фӕлӕ сылгоймаг уӕдмӕ дыууӕ лӕджы йӕ уӕлхӕдзар гӕны куыристы бын бамбӕхста, адонӕн та загъта: «Ӕцӕгдӕр мӕм чидӕртӕ уыди, фӕлӕ кӕцон сты, уый нӕ базыдтон. Изӕрӕрдӕм, сахары кулдуар сӕхгӕныны хӕдразмӕ, ацыдысты. Кӕцырдӕм, уый нӕ зонын, фӕлӕ сӕ ацы сахат куы асурат, уӕд сӕ, чи зоны, баййафат».


Сымах та уӕхи бахизут, ӕлгъыстаг цы дзауматӕ фесты, уыдонӕй, мацы дзы райсут, науӕд ӕлгъыстаг фӕкӕндзыстут израилӕгты рӕсӕнуат, фыдбылыз ыл бафтаудзыстут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan