Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йаков 2:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Афтӕ сӕххӕст, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый: «Авраам баууӕндыди Хуыцауыл, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Хуыцау банымадта рӕстгӕнӕгыл». Ӕмӕ Авраамы схуындӕуыд Хуыцауы хӕлар.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йаков 2:23
22 Iomraidhean Croise  

Аврам баууӕндыди Дунедарӕгыл, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ Уый банымадта рӕстгӕнӕгыл.


Натаны фырт Азариа — уллуты хицау; Натаны фырт Завуд, сауджын — паддзахӕн йӕ уынаффӕйы лӕг;


О нӕ Хуыцау, Дӕ адӕм Израилы цурӕй Ды ацы зӕххӕн йӕ раздӕры цӕрджыты дӕр куы фӕсырдтай ӕмӕ уыцы зӕхх Дӕ лымӕн Авраамы байзӕддӕгтӕн куы саккаг кодтай!


Хуыцауы ӕмӕ адӕймаджы ӕхсӕн тӕрхонгӕнӕг чи ныллӕудзӕн, дыууӕ лӕджы быцӕу куыд аскъуыддзаг кӕнынц, уыйау.


Дунедарӕг та Моисеимӕ ныхас кодта лӕгӕй-лӕгмӕ, адӕймаг адӕймагимӕ куыд фӕдзуры, афтӕ. Уый фӕстӕ-иу Моисей рӕсӕнуатмӕ ӕрбаздӕхт. Фӕлӕ-иу Нуны фырт Йешуа, Моисейы кӕстӕриуӕггӕнӕг, баззади Цатыры, уырдыгӕй никуыдӕм цыд.


«Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ! Ӕз уӕ равзӕрстон лӕггад кӕнынмӕ, Мӕ хӕлар Авраамы фӕстагӕттӕ!


Ау, Сыгъдӕг Фысты нӕ бакастыстут, ӕви: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур.


Йемӕ ма дзуӕрттыл байтыгътой дыууӕ абырӕджы, иуы — Йӕ рахизфарс, иннӕйы та — Йӕ галиуфарс.


Ӕмӕ сын Уый райдыдта дзурын: «Ацы пехуымпар ныхас сӕххӕст абон — куы йӕм хъуыстат, уӕд».


(ӕртӕсӕдӕ дыууын адӕймаджы бӕрц ӕрӕмбырд ис) ӕмӕ загъта: «Ӕфсымӕртӕ! Хъуамӕ сӕххӕст уыдаид Сыгъдӕг Фыст — Сыгъдӕг Уд Иудӕйы тыххӕй развӕлгъау Давиды уылты цы загъта, уый: Иудӕ, Йесойы фӕдыл чи зылд, уыдоны йӕ фӕдыл кӕй ӕрбакӕндзӕн.


Хуыцау рагагъоммӕ кӕй базыдта, Йӕ уыцы адӕмы нӕ ныууагъта. Куы йӕ зонут Сыгъдӕг Фыстӕй, Илийа израилӕгтыл Хуыцаумӕ куыд бахъаст кодта, уый:


Хуыцау Сыгъдӕг Фысты зӕгъы фараонӕн: «Бӕрзонд бынаты дӕ Ӕз уымӕн сӕвӕрдтон, цӕмӕй дӕ фӕрцы равдисон Мӕ тых ӕмӕ цӕмӕй Мӕ ном айхъуыса ӕппӕт зӕххы цъарыл».


Фӕлӕ Сыгъдӕг Фыст расидт, ӕппӕт дуне дӕр тӕригъӕды ахӕсты кӕй ис. Уӕдӕ, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы лӕвӕрд ӕрцӕуы уырнджытӕн.


Афтӕ «Авраам баууӕндыди Хуыцауыл, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Хуыцау банымадта рӕстгӕнӕгыл».


Ӕппӕт Сыгъдӕг Фыст Хуыцауӕй разӕнгардӕй ныффыстӕуыд, ӕмӕ ахъаз у ахуырӕн, багӕды кӕнынӕн, раст фӕндагмӕ раздахынӕн, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл хъомыл кӕнынӕн,


Куыд уынут, афтӕмӕй Хуыцау адӕймаджы сраст кӕны ӕрмӕст уырнындзинады фӕрцы нӕ, фӕлӕ хъуыддӕгты фӕрцы дӕр.


Сыгъдӕг фыст дӕр уымӕн афтӕ зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын сӕрӕвӕрӕн — ӕвзӕрст зынаргъ дур, чи Йыл ӕууӕнды — нӕ фегад уыдзӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan