Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йаков 2:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Фӕлӕ уырнындзинад ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард кӕй у, уый базонын дӕ фӕнды, ӕнӕзонд адӕймаг?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йаков 2:20
16 Iomraidhean Croise  

Йӕ зӕхх чи кусы, уый ӕфсӕст уыдзӕн, ӕдылы та йӕ тутт бӕллицты фӕдыл зилы.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Уӕ фыдӕлтӕ Мӕм цавӕр азым ссардтой, цӕмӕн адард сты Мӕнӕй? Уыдон мӕнгдзинады фӕдыл ацыдысты ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр смӕнг сты.


Хуыцауы бӕргӕ базыдтой, фӕлӕ Хуыцауӕн, цы кад Ын ӕмбӕлы, ахӕм кад не скодтой ӕмӕ Дзы бузныг нӕ уыдысты. Сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ис, ӕмӕ се ’нӕмбаргӕ зӕрдӕтыл саудалынг ӕртыхсти.


Уымӕн ӕмӕ мах афтӕ зӕгъӕм: адӕймаг Ӕгъдау ӕххӕст кӕна ӕви нӕ — уырнындзинады фӕрцы сраст вӕййы.


Ды та чи дӕ, адӕймаг, ӕмӕ Хуыцауимӕ быцӕу кӕнай? Мигӕнӕн йе скӕнӕгӕн, мыййаг, зӕгъдзӕн: «Афтӕ мӕ цӕмӕн скодтай?»


Уымӕн ӕмӕ, мах Йесо Чырыстиимӕ куы уӕм, уӕд, сунӕт скӕнай, ма скӕнай — уӕлдай нӕу; ахсджиаг у ахӕм уырнындзинад, уарзты уылты чи раргом вӕййы.


Ницы уӕвгӕйӕ йӕхицӕн цыдӕр ӕнхъӕл чи у, уый йӕхи сайы.


Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи асайа ӕнӕпайда ӕмӕ гӕдыбыд ахуырӕдтӕй. Уыдонӕн сӕ бындур Чырысти нӕу, фӕлӕ дунейы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ адӕмы таурӕгътӕ.


Иуӕй-иутӕ фӕиппӕрд сты уыцы фӕндагӕй ӕмӕ схӕцыдысты ӕнӕпайда дзӕнгӕдайыл.


Уымӕн ӕмӕ ис, ӕнӕпайда ныхас чи кӕны ӕмӕ адӕмы чи фӕливы, бирӕ ахӕм хивӕндтӕ, уӕлдайдӕр сунӕтгӕндтӕй.


Кӕд исчи йӕхи уырнӕгыл нымайы, йе ’взагыл та йӕ бар нӕ цӕуы, уӕд йӕхӕдӕг йӕхи сайы ӕмӕ йӕ уырнындзинад ӕнӕпайда у.


Афтӕ уырнындзинад дӕр — хъуыддӕгтӕй ӕвдыст куынӕ уа, уӕд мард у.


Уӕдӕ буар ӕнӕ удӕй мард куыд у, афтӕ уырнындзинад дӕр ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan