Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йаков 2:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Зӕгъӕм, уе ’мбырдмӕ бацыд адӕймаг сыгъзӕрин къухдарӕнимӕ, зынаргъ дарӕсы. Бацыд мӕгуыр дӕр бызгъуыр дарӕсы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йаков 2:2
9 Iomraidhean Croise  

Уый фӕстӕ, хӕдзары йӕ хистӕр лӕппу Исавӕн цы райст-бавӕрды дарӕс уыди, уый скодта йӕ кӕстӕр лӕппу Йаковыл,


Уӕд паддзах йе ’нгуылдзӕй къухдарӕн рафтыдта ӕмӕ йӕ Аманӕн, агагаг Хаммедатайы фыртӕн, дзуттӕгты удхорӕн, радта. Ӕмӕ загъта паддзах Аманӕн: «Ацы ӕвзист дӕу уӕд, уыцы адӕмӕн та, цы дӕ фӕнды, уый кӕн».


Паддзах йе ’нгуылдзӕй, Аманӕй фӕстӕмӕ кӕй райста, уыцы къухдарӕн рафтыдта, ӕмӕ йӕ Мардохейӕн радта, Естер та йӕ Аманы исбонӕн уагдарӕй сӕвӕрдта.


Мах иууылдӕр фӕчъизи стӕм, чъизи дарӕсау — не ’ппӕт рӕстдзинад. Бахус стӕм сыфтӕрау, нӕ фыдракӕндтӕ нӕ сӕ уӕлныхты систой уадау ӕмӕ нӕ фӕхӕссынц.


Фыд йӕ цагъартӕм фӕсидти: „Рӕвдздӕр! Рахӕссут ӕппӕты хуыздӕр дарӕс ӕмӕ йыл ӕй скӕнут, къухдарӕн ын бакӕнут йӕ къухыл, йӕ къӕхтыл ын дзабыртӕ скӕнут.


Ирод ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕ Йесойы ӕгады бынаты сӕвӕрдтой, сӕхицӕн дзы хъазӕнхъул сарӕзтой. Уый фӕстӕ Йыл Ирод зынаргъ дарӕс скӕнын кодта ӕмӕ Йӕ фӕстӕмӕ Пилатмӕ арвыста.


Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, сымах уымӕ куы бакӕсат ӕмӕ йын куы зӕгъат: «Сбад ацы хорз бынаты», мӕгуырӕн та куы зӕгъат: «Ды уым слӕуу» кӕнӕ: «Ӕрбад ам, мӕ къӕхты раз»,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan