16 ӕмӕ сын сымахӕй исчи куы зӕгъид: «Ацӕут фарнимӕ, уӕхи батавут ӕмӕ бахӕрут», фӕлӕ, хъуаг цӕмӕй ӕййафынц, уый та сын куы нӕ раттид, уӕд уымӕй цы пайда ис?
Йесо фӕсидти Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Тӕригъӕд кӕнын ацы адӕмӕн, ныр ӕртӕ боны Мемӕ сты ӕмӕ, цы бахӕрой, уый сын нӕй. Ӕххормагӕй сӕ ауадзон, уый та Мӕ нӕ фӕнды — фӕндагыл бастайдзысты».
Уымӕн ӕмӕ Ӕз уыдтӕн стонг, ӕмӕ Мӕ бафсӕстат; дойны Мын уыди, ӕмӕ Мын дон радтат; уыдтӕн бӕлццон, ӕмӕ Мӕ суазӕг кодтат;
уыдтӕн бӕгънӕг, ӕмӕ Мыл дарӕс скодтат; уыдтӕн рынчын, ӕмӕ Мыл батыхстыстут; уыдтӕн ахӕстоны, ӕмӕ Мӕ бабӕрӕг кодтат“.
Уӕд ын Йесо загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Цу фарнимӕ ӕмӕ ӕнӕниз у».
Уӕ уарзт уӕд ӕнӕхин, фыдӕх уын уӕд ӕнӕуынон, хорздзинад саразынмӕ тырнут.
Ӕз афтӕ бардзырд дӕттыны хуызы нӕ зӕгъын, фӕлӕ, иннӕтӕ ӕнувыд кӕй сты, уымӕй фӕлварын уӕ уарзт — зӕрдиаг у ӕви нӕ.