Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йаков 2:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Зӕгъӕм, де ’фсымӕр кӕнӕ дӕ хо сты бӕгънӕг ӕмӕ сӕм бонваг хойраг дӕр нӕй,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йаков 2:15
11 Iomraidhean Croise  

ӕххормагӕн уӕ уд дӕр куынӕ бавгъау кӕнат ӕмӕ ӕфхӕрд адӕймаджы куы барӕвдауат, уӕд уӕ талынг ныррухс уыдзӕни, ӕмӕ бонрӕфты хурау тӕмӕнтӕ калдзӕни уӕ рухс.


Дӕ къӕбӕр адих кӕн стонгимӕ, рахау-бахаугӕнӕг мӕгуыры дӕ хӕдзармӕ бахон, гомгӕрцц адӕймагыл уӕлӕдарӕс скӕн. Дӕ адӕмӕй ӕххуысхъуаг чи у, уымӕй дӕхи ма аиуварс кӕн.


чи никӕй ӕфхӕры, йӕ хӕсджынӕн йӕ цъынды фӕстӕмӕ чи ратты, чи никӕй стигъы, йӕ къӕбӕрӕй ӕххормагӕн чи бахай кӕны ӕмӕ бӕгънӕгыл дарӕс чи скӕны,


Мӕгуыртӕ ӕдзух уӕ фарсмӕ сты, ӕмӕ уӕ кӕд бафӕнда, уӕд-иу сын баххуыс кӕнут, Ӕз та ӕдзух уемӕ нӕ уыдзынӕн.


Уый сын дзуапп лӕвӕрдта: «Дыууӕ хӕдоны кӕмӕн ис, уый дзы иу, ӕппындӕр кӕмӕн нӕй, уымӕн раттӕд; хойраг кӕмӕ ис, уый дӕр бакӕнӕд афтӕ».


Ныхас ӕмӕ быцӕу кодта, бердзенаг ӕвзагыл цы дзуттӕгттӕ дзырдтой, уыдонимӕ дӕр, ӕмӕ сӕм фӕзынд йӕ амарыны фӕнд.


Дурты бын-иу сӕ фӕкодтой, ахырхтой-иу сӕ, [ракъахыны охыл сӕ хъизӕмарӕй мардтой], карды цӕфӕй мардысты, фысдзӕрмтты ӕмӕ сӕгъдзӕрмтты рахау-бахау кодтой, уыдысты мӕгуыр, цардӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст.


Байхъусут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Дунейы цӕсты гӕвзыкк чи у, уыдоны Хуыцау, мыййаг, нӕ сӕвзӕрста уырнындзинадӕй сӕ схъӕздыг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ Йӕ Паддзахадмӕ бахонынмӕ? Уыцы Паддзахадӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн.


Зӕххон цардӕн алцыдӕр фаг кӕмӕ ис, уый йе ’фсымӕры хъуӕгтӕ куы уына, фӕлӕ йӕхи нӕуынӕг куы скӕна, уӕд йӕ зӕрдӕйы Хуыцауы уарзондзинад куыд цӕрдзӕн?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan