9 Мӕгуыр ӕфсымӕр ӕппӕлӕд, Хуыцау ӕй бӕрзонд кӕй сӕвӕрдта, уымӕй.
Дӕуыл ӕнцайы мӕ уд, Дӕ рахиз къух мӕ хъахъхъӕны.
Мӕгуыр лӕгыл чи худы, уый йын йе Сфӕлдисӕджы ’фхӕры; искӕй хъыгыл цин чи кӕны, уый ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн.
Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи цӕры, уыцы мӕгуыр лӕг ӕдылы фӕлитойӕ — хуыздӕр.
Сӕрныллӕджытӕн Дунедарӕг ног циндзинад ӕрхӕсдзӕн, мӕгуыртӕн сӕ зӕрдӕ барайдзӕн Израилы Стыр Хуыцауы фӕрцы.
Тыхджынты раппӕрста сӕ бадӕнтӕй ӕмӕ сбӕрзонд кодта сӕрныллӕгты.
Дӕлимонтыл уӕ бон кӕй цӕуы, ууыл ма цин кӕнут — уӕ нӕмттӕ уӕлӕрвты фыст кӕй сты, ууыл цин кӕнут».
Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд бынаты чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи ныллӕг чи кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн».
ӕмӕ сын загъта: «Ацы сывӕллоныл, Мӕ сӕр хъуыдыгӕнгӕйӕ, ӕнувыд чи уа, уый Мӕныл у ӕнувыд; Мӕныл ӕнувыд чи уа, уый та Мӕ Рарвитӕгыл у ӕнувыд. Уе ’хсӕн ӕппӕты къаддӕр чи у, уый у уе ’ппӕты стырдӕр».
Кӕд Йӕ хъӕбултӕ стӕм, уӕд та, Хуыцаумӕ цы хорзӕхтӕ ис, уыдонӕй райсдзыстӕм, исгӕ та сӕ Чырыстиимӕ ракӕндзыстӕм. Ӕмӕ кӕд Чырыстиимӕ тухӕнтӕ ӕвзарӕм, уӕд нын хай уыдзӕн Йӕ кадӕй дӕр.
Нӕ зӕрдӕйӕн нын маст кӕнынц, мах та иудадзыг цин кӕнӕм; цыбыркъух стӕм, фӕлӕ бирӕты схъӕздыг кӕнӕм; ницы нӕм ис, фӕлӕ алцӕмӕн хицау стӕм.
Бӕстӕйы кӕддӕриддӕр мӕгуыр адӕм уыдзӕни, ӕмӕ дын уымӕ гӕсгӕ фӕдзӕхсын ӕз: рӕдаукъух у де ’фсымӕрӕн, дӕ бӕстӕйы цӕрӕг ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуырӕн.
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы бӕстӕйы сахартӕй искӕцыйы де ’фсымӕртӕй исчи мӕгуыр у, зӕгъгӕ, уӕд дӕ зӕрдӕ ма ныддур кӕн ӕмӕ йын йӕ размӕ афтид арм ма дар.
Ӕвдӕм аз, хӕстӕ барыны аз, ӕрбахӕццӕ кӕны, зӕгъгӕ, уӕд ӕнаккаг хъуыды ма бахъуызӕд дӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ дӕ мӕгуыр ӕфсымӕрыл дӕхи ма атигъ кӕн: йӕ дзыназын Дунедарӕгмӕ фехъуысдзӕн, ӕмӕ тӕригъӕды бацӕудзынӕ.
ӕмӕ тындзын нысанмӕ, Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау мӕнмӕ цы уӕларвон хӕрзиуӕджы тыххӕй фӕсидти, уый райсынмӕ.
Мах стӕм ӕцӕг сунӕтгонд — кусӕм Хуыцауӕн, Сыгъдӕг Уд нӕ куыд аразы, афтӕ. Нӕ зӕрдӕ зӕххоныл нӕ дарӕм, фӕлӕ сӕрыстыр стӕм, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стӕм, уымӕй.
Сымах та стут ӕвзӕрст мыггаг, Паддзахы уаз лӕггадгӕнджытӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауы исбон, талынгӕй Йӕ диссаджы рухсмӕ кӕй ракодта ӕмӕ Йӕ алӕмӕты хъуыддӕгтӕ хъусын кӕнынмӕ кӕмӕ фӕсидти, Йӕ уыцы ӕвзӕрстытӕ.
зонын дын [дӕ хъуыддӕгтӕ] дӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ дӕ мӕгуырдзинад; ӕниу, хъӕздыг дӕ. Зонын ӕй, сӕхи иудейӕгтӕ чи хоны, уӕвгӕ та иудейӕгтӕ нӕ, фӕлӕ сайтаны ӕмбырд чи у, уыдон дыл цъыф кӕй калынц, уый.
Рыджы астӕуӕй мӕгуыр лӕджы фелвасы, бырӕтты цӕндӕй — гӕвзыччы, уӕздӕттимӕ сӕ ӕрбадын кӕны, кады бадӕнмӕ сӕм басиды. Дунедарӕджы бар сты зӕххы цӕджындзтӕ, дуне кӕуыл ӕрцарӕзта, уыдон.