Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йаков 1:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Ӕрмӕст курӕд, кӕй райсдзӕн, ууыл ӕууӕндгӕйӕ ӕмӕ бынтон ӕнӕдызӕрдыгӕй. Уымӕн ӕмӕ дызӕрдыггӕнӕг у, дымгӕ кӕй сисы ӕмӕ кӕмӕй фӕхъазы, уыцы денджызон уылӕнау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йаков 1:6
14 Iomraidhean Croise  

Ивылд донау абухыс ды, ӕмӕ нӕ уыдзӕн хистӕры кад дӕу: дӕ фыды уатмӕ ӕнӕфсармӕй схызтӕ, фӕчъизи мын кодтай мӕ хуыссӕн.


Петр Ын загъта: «Хицау, кӕд уый Ды дӕ, уӕд зӕгъ, ӕмӕ Дӕм ӕз доныл къахӕй бацӕуон».


Сыст, ӕрхиз ӕмӕ ацу семӕ. Мисхалы бӕрц дӕр гуырысхо ма кӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕз рарвыстон».


Уӕд нал уыдзыстӕм, алы ахуырӕдтӕ уылӕнтау кӕмӕй хъазынц ӕмӕ дымгӕйау кӕй ахӕссынц, ахӕм сабитӕ; сайынмӕ дӕсны чи у, уыдоны амӕттаг нал уыдзыстӕм.


Мӕн фӕнды, цӕмӕй алы ран дӕр нӕлгоймӕгтӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ сӕ къухтӕ дарой Хуыцаумӕ ӕмӕ Йӕм кувой, сӕ зӕрдӕты фыдӕх ӕмӕ гуырысхо куыд нӕ уа, афтӕмӕй.


Фидар хӕцӕм, ныфс нын цы уырнындзинад дӕтты, ууыл, уымӕн ӕмӕ Зӕрдӕбавӕрӕг Йӕ ныхас нӕ ивы.


Ӕнӕ уырнындзинадӕй та Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн нӕй. Хуыцаумӕ ӕрцӕуӕг хъуамӕ ӕууӕнда, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ Йӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн хӕрзиуӕг кӕй ратты, ууыл.


Алыхуызон ӕмӕ ӕцӕгӕлон ахуырӕдтӕ уӕ сӕ фӕдыл ма асайӕнт. Уӕ зӕрдӕтӕ фидар кӕнын хорз у, хӕрын цы ӕмбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы, уыцы уагӕвӕрдтӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхӕй. Чи сӕ ӕххӕст кӕны, уыдонӕн дӕр ницы пайда ӕрхастой.


Ахӕм адӕймаг Бардарӕгӕй исты райсыныл йӕ зӕрдӕ ма дарӕд —


Ӕмӕ, йӕ бындуры уырнындзинад кӕмӕн ис, уыцы куывдӕй сдзӕбӕх уыдзӕн рынчын, ӕмӕ йӕ Бардарӕг слӕууын кӕндзӕн йӕ къахыл. Кӕд тӕригъӕд ракодта рынчын, уӕд ын хатыргонд уыдзӕни.


Ахӕмтӕ сты хуыскъ суадӕттӕ, уад кӕй ахӕссы, ахӕм мигътӕ. Уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны саудалынг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan