24 федта йӕхи, иуварс ацыд ӕмӕ дзы уайтӕккӕ ферох, цы хуызӕн у, уый.
Иууылдӕр дисы бафтыдысты, ӕмӕ дзырдтой: «Уый Чи у, уад ӕмӕ денджыз Кӕй коммӕ кӕсынц?»
Хабар-иу чи фехъуыста, уыдон-иу хъуыдыты аныгъуылдысты ӕмӕ сӕхинымӕр дзырдтой: «Чи уыдзӕн, цымӕ, уыцы сывӕллон?» Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, Хуыцау уыдис Иоаннимӕ.
Йесойы фысым, фарисей, уый куы федта, уӕд ахъуыды кодта: «Ай ӕцӕгдӕр пехуымпар куы уаид, уӕд ӕй зонид, цавӕр сылгоймаг Ӕм ӕвналы, уый, уымӕн ӕмӕ ацы сылгоймаг тынг тӕригъӕдджын у».
Уымӕн ӕмӕ уын нӕ Фарны Уац мах хъусын кодтам ӕрмӕст ныхасӕй нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ ӕмӕ бирӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ ӕвдисӕйнӕгтимӕ. Уӕхӕдӕг зонут, сымахмӕ куы уыдыстӕм, уӕд уӕ сӕраппонд нӕхи куыд дардтам, уый.
Уымӕн ӕмӕ, ныхас чи хъусы, фӕлӕ йӕ чи не ’ххӕст кӕны, уый у, кӕсӕны йӕхимӕ чи кӕсы, уыцы адӕймаджы хуызӕн:
Фӕлӕ ахӕм нӕу, сӕрибардӕттӕг ӕнаипп ӕгъдау чи иртасы ӕмӕ йыл чи хӕцы, уыцы адӕймаг. Цы хъусы, уый ӕрмӕст йӕ зӕрдыл нӕ дары, фӕлӕ ма йӕ ӕххӕст дӕр кӕны. Ахӕм адӕймаг тӕхудиаг уыдзӕн йӕ алы хъуыддаджы дӕр.
Кӕд ӕппӕт уыдӕттӕ афтӕ ныппырх уыдзысты, уӕд сымах та цавӕр хъуамӕ уат? Сымах уӕ сыгъдӕг царды хъуамӕ ӕнувыд уат Хуыцауыл,
Гедеон Зевах ӕмӕ Цалмуннӕйы бафарста: «Хъуыды-ма кӕнут, Фаворы хохыл кӕй амардтой, уыцы адӕмы?» Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ йын дзуапп радтой: «Де ’нгӕс уыдысты, ӕддаг бакастӕй — паддзахы фырттӕ».