2 Алы фӕлварӕнты куы бахаут, ме ’фсымӕртӕ, уӕд ӕй уӕхицӕн нымайут стыр амондыл,
Апостолтӕ рацыдысты синедрионӕй ӕмӕ цин кодтой, Йесойы номы сӕраппонд ахӕм ӕфхӕрды аккаг кӕй разындысты, ууыл.
Ӕмӕ нӕ цин ӕрмӕст ууыл нӕу, фӕлӕ нӕ тухӕнтыл дӕр, уымӕн ӕмӕ зонӕм, тухӕнтӕ бавзаргӕйӕ кӕй свӕййӕм фӕразон,
Уымӕн ӕмӕ сымахӕн хорзӕхӕн лӕвӕрд у Чырыстийыл ӕрмӕст ӕууӕндын нӕ, фӕлӕ Йӕ сӕраппонд хъизӕмар кӕнын дӕр.
Фӕлӕ мӕ, мыййаг, суанг нывондӕн куы ӕрхастӕуа ӕмӕ нывонды тугау мӕ туг уӕ уырнындзинады нывондыл куы акӕла, уӕд дӕр ӕз цин кӕнын, стӕй цин кӕнын уе ’ппӕтимӕ дӕр.
Афтӕ цин кӕнут сымах дӕр, стӕй цин кӕнут мемӕ иумӕ дӕр!
Ныртӕккӕ амондджын дӕн, уӕ сӕраппонд кӕй ӕвзарын, уыцы хъизӕмӕрттӕй. Мӕ буары мидӕг ӕз архайын, Чырыстийы сӕрвӕлтау мӕ цы хъизӕмӕртты кӕхц бануазын хъӕуы, уый баххӕст кӕныныл — Йӕ Буары, Аргъуаны, сӕраппонд.
Уымӕн ӕмӕ сымахӕн, ахӕстӕтты чи уыд, уыдоныл уӕ зӕрдӕ рысти, ӕмӕ уын уӕ мулк куы хастой, уӕд цин кодтат, хуыздӕр ӕмӕ уын ӕнусон исбон кӕй ис, уый зонгӕйӕ.
Тӕхудиаг у фӕлварӕнӕн фӕразон адӕймаг, уымӕн ӕмӕ, фӕлвӕрд куы уа, уӕд райсдзӕни, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.
Ма фӕдзӕгъӕл ут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ.
Уӕ зӕрдыл бадарут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ: алчидӕр рӕвдз уӕд байхъусынмӕ, рагацау хъуыды кӕнӕд йӕ ныхасыл, мӕстыгӕр ма уӕд.
Мах амондджыныл нымайӕм, хъизӕмӕрттӕн кӕронмӕ чи бафӕрӕзта, уыдоны. Сымах фехъуыстат, Иов фӕразон кӕй разынди, уый тыххӕй, стӕй зонут, Дунедарӕг ын цы царды кӕрон балӕвар кодта, уый, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг хорзӕхджын ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у.
Бардарӕг зоны, рӕстгӕнджыты фӕлварӕнтӕй куыд фервӕзын кӕнын хъӕуы, уый. Ӕнӕхуыцӕуттӕн та Тӕрхоны бонмӕ аиргъӕвы се ’фхӕрд,
Цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕни дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕд дӕр-иу баззай иузӕрдионӕй, ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.