15 Монц ауадзы йӕ уидӕгтӕ, ӕмӕ дзы рацӕуы тӕригъӕд, тӕригъӕд та расайы мӕлӕт.
ӕрмӕст хорз ӕмӕ ӕвзӕр базоныны бӕласмӕ ма бавнал. Йӕ дыргътӕй йын куы фӕхъӕстӕ уай, уӕд уыцы бон ӕрбамӕлдзынӕ».
Сылгоймаг федта: бӕласы дыргътӕ хӕрынӕн бӕззынц, сӕ уындӕй цӕст рӕвдауынц ӕмӕ ма уыимӕ зондыл дӕр ӕфтауынц. Ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта, йӕ мойӕн дӕр дзы радта, ӕмӕ уый дӕр бахордта.
Давид арвыста йӕ дӕлдӕрты, ӕрбакӕнут ӕй, зӕгъгӕ. Уый ӕрбацыди, ӕмӕ Давид йемӕ ӕрӕмуат ис (сылгоймаг йӕ чъизийӕ уый хӕдразмӕ ссыгъдӕг ис), ӕмӕ уый фӕстӕ Вирсави йӕ хӕдзармӕ аздӕхт.
Ахӕм адӕймаг йӕ зӕрдӕйы бын фыдбылыз хӕссы, аргӕ бӕллӕх кӕны, йӕ мидӕг ӕрмӕстдӕр мӕнгарддзинад ӕвзӕры».
Райсы мӕлӕтхӕссӕг гӕрзтӕ, ӕрцӕттӕ кӕны судзгӕ фӕттӕ.
Дунедарӕг раргом ис, стӕрхон кодта: фыдгӕнджытӕ сӕхи къӕппӕджы бахаудтой.
Раст фӕндагыл чи цӕуы, уый цӕрдзӕн, фыддзинады фӕдыл чи згъоры, уый мӕлӕтмӕ тырны.
Хосӕнхъӕлӕй хъӕмп ныййардзыстут. Уӕхи комулӕфт уын артау уӕхи басудздзӕн.
Рӕстдзинады сӕрыл чи сдзура, йӕ фарс чи рахӕца, иу ахӕм сӕм нӕ разынд. Сӕ зӕрдӕ дарынц сӕ ницӕйаг, сӕ мӕнг ныхӕстыл. Сӕхи хъарынц фыдбылызтӕ, бӕллӕхтӕ аразыныл.
Уӕд дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, Иудӕ Искариот, ацыди алчертӕм
Ӕз та уын зӕгъын: сылгоймагмӕ мондаджы цӕстӕй чи кӕсы, уый ныридӕгӕн йӕ мидзӕрдӕйы фӕхатти йемӕ.
Фӕлӕ алкӕй дӕр ракъахы йӕхи монц, сцыбӕл ӕй кӕны ӕмӕ йӕ къӕппӕджы баппары.
Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ нын радта ног цард — ӕцӕгады ныхасы руаджы нӕ скодта Йӕ хъӕбултӕ. Кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй мах хоры сӕрау рахицӕн кодта Йӕхицӕн.