Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йаков 1:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Фӕлӕ алкӕй дӕр ракъахы йӕхи монц, сцыбӕл ӕй кӕны ӕмӕ йӕ къӕппӕджы баппары.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йаков 1:14
24 Iomraidhean Croise  

Сылгоймаг федта: бӕласы дыргътӕ хӕрынӕн бӕззынц, сӕ уындӕй цӕст рӕвдауынц ӕмӕ ма уыимӕ зондыл дӕр ӕфтауынц. Ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта, йӕ мойӕн дӕр дзы радта, ӕмӕ уый дӕр бахордта.


Дунедарӕг федта, адӕймаг бынтондӕр кӕй сӕлгъаг, йӕ сӕрызонды фыдбылызӕй дарддӕр кӕй ницыуал баззад, уый,


Дунедарӕгмӕ схӕццӕ ис ӕхцон хӕрздӕф, ӕмӕ загъта Йӕхицӕн: «Адӕймаджы тыххӕй нал ралгъитдзынӕн зӕхх, кӕд йе ’взонгӕй фӕстӕмӕ йӕ зӕрдӕ фыдбылызмӕ ӕмхиц у, уӕддӕр. Ӕппӕт цӕрӕг удты никуыуал фесафдзынӕн, доныхъаймӕт нал ӕрцӕудзӕни зӕххыл.


Давид арвыста йӕ дӕлдӕрты, ӕрбакӕнут ӕй, зӕгъгӕ. Уый ӕрбацыди, ӕмӕ Давид йемӕ ӕрӕмуат ис (сылгоймаг йӕ чъизийӕ уый хӕдразмӕ ссыгъдӕг ис), ӕмӕ уый фӕстӕ Вирсави йӕ хӕдзармӕ аздӕхт.


мӕ зӕрдӕйы мидӕг куы бабӕллыдаин ӕмӕ мӕхи къухыл, табугӕнгӕйӕ, мӕ былтӕ куы авӕрдтаин,


Кӕд сылгоймагмӕ мондаг кодтон ӕмӕ-иу искӕй дуармӕ бахъуызыдтӕн,


Ӕппӕт хӕзнатӕй фылдӕр дӕхи зӕрдӕ хъахъхъӕн — царды гуырӕн уый у.


Раст цыма, дымгӕ цы рыг систа, уый фӕсте суры ӕмӕ йӕ ӕрцахсынмӕ хъавы. Йе ’дылы зондӕй йӕ фӕндагӕй адзӕгъӕл ис. Куыд фервӕза, уый нӕ зоны, ӕмӕ йӕ бон нӕу зӕгъын: «Уый мӕ къухы ӕцӕгдзинадӕй куы ницы ис!»


Дӕхи бабын кодтай, Израил, уымӕн ӕмӕ Мӕ ныхмӕ, дӕ иунӕг ӕххуысгӕнӕджы ныхмӕ, рацыдтӕ.


Фӕлӕ дзыхӕй цы рацӕуы, уый та йӕ зӕрдӕйӕ рацӕуы, ӕмӕ уый чъизи кӕны адӕймаджы.


Ӕппӕт адӕттӕ адӕймаджы фӕчъизи кӕнынц, ӕнӕхсад къухтӕй хӕрын та йӕ нӕ чъизи кӕны».


Уӕд Сыгъдӕг Уд Йесойы акодта ӕдзӕрӕг быдырмӕ, цӕмӕй Йӕ хӕйрӕг бафӕлвара.


Ӕз та уын зӕгъын: сылгоймагмӕ мондаджы цӕстӕй чи кӕсы, уый ныридӕгӕн йӕ мидзӕрдӕйы фӕхатти йемӕ.


Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдӕн фӕзынди фадат фӕдзӕхстӕй спайда кӕнынӕн ӕмӕ мӕ амарынӕн.


Уӕдӕ мын, ау, уыцы хорз ӕрхаста мӕлӕт? Ницы хуызы! Уый тӕригъӕд сарӕзта ӕмӕ уымӕй йе ’цӕг цӕсгом равдыста: уыцы хорзӕй спайда кодта ӕмӕ мын мӕлӕт ӕрхаста. Уӕдӕ афтӕ: фӕдзӕхсты руаджы ноджы тынгдӕр рабӕрӕг ис, тӕригъӕд куыд тӕригъӕдджын у, уый.


Сымах ахуыр кодтой уӕ раздӕры царды уаг ныууадзыныл, уӕ чъизи монцтӕ уӕ куы сайдтой ӕмӕ уӕ раууатмӕ куы тардтой, раздӕры уыцы цардӕй аздӕхыныл,


Фӕлӕ цалынмӕ «абон» дзурӕн ис, уӕдмӕ ӕрвылбон ныфс дӕттут кӕрӕдзийӕн, цӕмӕй уӕ йӕ фӕдыл тӕригъӕд макӕй асайа ӕмӕ уӕ йӕ зӕрдӕ макӕмӕн ныддур уа.


Фӕлварӕнты чи бахауа, уый ма дзурӕд: «Хуыцау мӕ къахы». Хуыцауӕн фыдӕхӕй ракъахӕн нӕй, стӕй Йӕхӕдӕг дӕр никӕй къахы.


Монц ауадзы йӕ уидӕгтӕ, ӕмӕ дзы рацӕуы тӕригъӕд, тӕригъӕд та расайы мӕлӕт.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan