10 Хъӕздыг та — дӕлдзиныггонд кӕй ӕрцыди, уымӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕздыгдзинад быдираг дидинӕгау фӕцыдӕр уыдзӕн.
Дидинӕгау райхӕлы ӕмӕ бахус вӕййы, ӕндӕргау фӕзыны ӕмӕ фӕцыдӕр вӕййы.
Арв зӕххӕй цас бӕрзонддӕр у, уыйас ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдонмӕ.
адӕймаджы зӕрдӕ хъӕлдзӕггӕнӕг сӕн, стӕй сой, йӕ цӕсгом цӕхӕр кӕмӕй калы; адӕймагӕн хъару дӕттӕг дзул.
Дунедарӕг, тызмӕгӕй мын ма уайдзӕф кӕн, Дӕ карзӕй мӕ ма ’фхӕр.
Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Кӕуылты сты дӕ диссӕгтӕ, нӕ сӕраппонд цы фӕндтӕ нывӕндыс, уыдон! Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Дӕ диссӕгты кой Дын ракӕнин, фӕлӕ сӕ ӕз кӕд фӕуыдзынӕн нымад?
Цавӕрдӕр хъӕлӕс мын загъта: «Рахабар кӕн дӕ адӕмӕн!» Ӕз бафарстон: «Цы сын рахабар кӕнон?» «Адӕймаг кӕрдӕджы хуызӕн у, рӕсугъдӕй та — быдираг дидинӕджы ӕнгӕс.
Кӕрдӕг бахус вӕййы, дидинджытӕ баруайынц, Дунедарӕг сыл куы бафу кӕны, уӕд. О, адӕм кӕрдӕджы хуызӕн сты.
Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын, Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый: «Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты, фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ. Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс, сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.
Ӕз Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон алцы, афтӕмӕй фӕзындысты ӕппӕт уыдӕттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг. — Састзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг, Мӕ ныхасмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ чи хъусы, уый Мын у адджын.
Тӕхудиаг сты, Хуыцауы сӕраппонд мӕгуыр чи у, — Уӕларвон Паддзахад уыдоны у.
Абон чи ис, райсом та пецы кӕй баппардзысты, уыцы быдираг зайӕгхалы Хуыцау афтӕ кӕм фӕлынды, уым сымах ӕнӕ дарӕсӕй куыд ныууадздзӕни, лӕмӕгъуырнджытӕ!
Ацы дунейы хорзӕхтӕй чи пайда кӕны, уыдон хъуамӕ уой афтӕ, цыма нӕ пайда кӕнынц. Уымӕн ӕмӕ, мах цы дуне уынӕм, уымӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуы.
Уый нӕ, фӕлӕ, тӕккӕ зынаргъдӕр цы у, уый сӕраппонд — Йесо Чырыстийы базоныны сӕраппонд — ӕз ӕппӕт дӕр нымайын ницӕуыл. Чырыстийы тыххӕй ӕнӕхай фӕдӕн алцӕмӕй дӕр, ӕппӕт дӕр нымайын быроныл, цӕмӕй мӕ иунӕг хӕзна уа Чырысти,
Ацы царды бонджын чи у, уыдонӕн бацамон, цӕмӕй сӕхиуыл ма фервӕссой ӕмӕ ныфсджын уой, зӕрдӕ дарӕн цы мулкыл нӕй, уымӕй нӕ, фӕлӕ нын зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн алцыдӕр парахатӕй Чи дӕтты, уыцы Хуыцауӕй.
Афтӕмӕй та, райсом цы ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут. Цы у уӕ цард? Сымах стут донытӕфау, исдуг чи фӕзыны ӕмӕ стӕй чи ӕрбайсӕфы.
Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Адӕймаг кӕрдӕджы хуызӕн у, йӕ кады ӕрттывд — быдираг дидинӕджы ӕнгӕс: кӕрдӕг бахус ис, ӕмӕ дидинӕг ӕрызгъӕлди,
Дуне ӕмӕ йӕ монцтӕ аивгъуыйынц, Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг та мыггагмӕ цӕрдзӕни.