2 Ӕз, Павел, зӕгъын сымахӕн: кӕд сунӕт кӕнут, уӕд уын Чырыстийӕ ницы пайда уыдзӕни.
Иудейӕ чидӕртӕ ӕрбацыд ӕмӕ ӕфсымӕртӕн райдыдтой амонын: «Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сунӕт куынӕ скӕнат, уӕд нӕ фервӕздзыстут».
Ӕрбайхъуысти нӕм, махӕй чи ацыд, уыдонӕй уӕ чидӕртӕ сӕ ныхӕстӕй фӕкъуыхцы кодтой ӕмӕ уын змӕнтынц уӕ зонд [сымах хъуамӕ кӕнат сунӕт ӕмӕ хӕцат Моисейы Ӕгъдауыл, зӕгъгӕ]. Фӕлӕ сын мах ахӕмӕй ницы бафӕдзӕхстам.
Фӕлӕ, Йесойыл чи баууӕндыд, уыцы фарисейтӕй чидӕртӕ сыстадысты ӕмӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, муртаттӕгтӕ хъуамӕ кӕной сунӕт ӕмӕ сын хъӕуы бафӕдзӕхсын Моисейы Ӕгъдау ӕххӕст кӕнын.
Ныр та фыссын мӕхи къухӕй: салам уын Павелӕй.
Лӕгӕй-лӕгмӕ уемӕ ӕнӕныфсхаст чи у, уӕ фӕсаууонмӕ та — сӕрӕн, ӕз уыцы Павел дӕн.
Кӕд ма ӕз ныртӕккӕ дӕр, ӕфсымӕртӕ, сунӕты фарс дӕн, уӕд мӕ цӕй тыххӕй ӕфхӕрынц? Уӕд дзуары тыххӕй цы фӕдзурын, уый цӕлхдур нӕ уаид.
Уымӕн ӕмӕ, мах Йесо Чырыстиимӕ куы уӕм, уӕд, сунӕт скӕнай, ма скӕнай — уӕлдай нӕу; ахсджиаг у ахӕм уырнындзинад, уарзты уылты чи раргом вӕййы.
Ӕз, Павел, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ хъавыдтӕн сымахмӕ ӕрцӕуынмӕ, фӕлӕ нын сайтан ӕвӕрдта цӕлхдуртӕ.
Ӕз, Павел, мӕхи къухӕй фыссын: бафиддзынӕн дын ӕй. Дӕхӕдӕг дӕр хӕсджын дӕ мӕ разы, фӕлӕ дын ӕз уыцы хӕсы кой нал кӕнын.
уӕддӕр дӕм хуыздӕрыл нымайын ӕрхатын, уымӕн ӕмӕ дӕ уарзын — ӕз, зӕронд Павел, ныр та Йесо Чырыстийы сӕраппонд — ахст лӕг.
Уымӕн ӕмӕ, Фарны Уац уыдон куыд фехъуыстой, мах дӕр ӕй афтӕ фехъуыстам. Фӕлӕ сын, цы ныхас фехъуыстой, уый пайда не ’рхаста, уымӕн ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдысты.