4 Цытӕ бавзӕрстат, уый, ау, дзӕгъӕлы фӕци? Уымӕн уӕвӕн нӕй!
Рӕстгӕнӕг дӕр йӕ рӕстадыл йӕ къух куы сиса ӕмӕ ӕнӕраст митӕ кӕнын куы райдайа, ӕнаккаджы ӕлгъаг митӕ куы фӕзма, уӕд куыд хъуамӕ баззайа цӕргӕйӕ? Уымӕй размӕ рӕстагӕй цы сарӕзта, уыдон ын нал ӕрымыстӕуыдзӕн. Цы фӕлывд митӕ ӕмӕ цы тӕригъӕдтӕ кӕны, уыдоны тыххӕй амӕлдзӕн.
Уыцы Уацы фӕрцы фервӕздзыстут, кӕд ӕмӕ, цы уын фехъусын кодтон, ууыл фидар хӕцат, уӕд; кӕд нӕ — уӕд дзӕгъӕлы баууӕндыдыстут.
Ахӕм ӕнӕзонд стут? Сыгъдӕг Уды разамындӕй цы райдыдтат, уый ныр адӕймаджы хъаруты фӕрцы фӕуынмӕ хъавут?
Кӕсут уӕхимӕ, цӕуыл фӕкуыстам, уый куыд нӕ фесафат, фӕлӕ уӕ хӕрзиуӕг ӕххӕстӕй куыд райсат, афтӕ.