3 Ахӕм ӕнӕзонд стут? Сыгъдӕг Уды разамындӕй цы райдыдтат, уый ныр адӕймаджы хъаруты фӕрцы фӕуынмӕ хъавут?
Рӕстгӕнӕг дӕр йӕ рӕстадыл йӕ къух куы сиса ӕмӕ ӕнӕраст митӕ кӕнын куы райдайа, ӕнаккаджы ӕлгъаг митӕ куы фӕзма, уӕд куыд хъуамӕ баззайа цӕргӕйӕ? Уымӕй размӕ рӕстагӕй цы сарӕзта, уыдон ын нал ӕрымыстӕуыдзӕн. Цы фӕлывд митӕ ӕмӕ цы тӕригъӕдтӕ кӕны, уыдоны тыххӕй амӕлдзӕн.
Сымахӕй мӕ ӕрмӕстдӕр мӕнӕ уый базонын фӕнды: Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны руаджы схайджын стут Сыгъдӕг Удӕй ӕви Фарны Уац фехъусыны ӕмӕ йыл баууӕндыны фӕрцы?
Цытӕ бавзӕрстат, уый, ау, дзӕгъӕлы фӕци? Уымӕн уӕвӕн нӕй!
Арӕзт ӕрцыди Уаз Цӕрӕн, уымӕн йӕ фыццаг агъуыст хуынди Уаз бынат. Уым уыдысты цырагъдарӕн, фынг ӕмӕ кувинаг дзултӕ.