Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Галатӕгтӕм 3:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Ӕгъдау та уырнындзинадимӕ баст нӕу, фӕлӕ «йӕ чи ӕххӕст кӕна, уый цӕрдзӕни йӕ фӕрцы».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Галатӕгтӕм 3:12
13 Iomraidhean Croise  

Фӕдзӕхстай сӕ, цӕмӕй сӕ Де ’Гъдаумӕ раздахай, фӕлӕ-иу уыдон хиваст уыдысты ӕмӕ нӕ хъуыстой Дӕ фӕдзӕхстытӕм, афтӕмӕй та Дӕ уагӕвӕрдтӕ, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уыдонӕн царддӕттӕг сты. Хиваст ӕмӕ нӕсӕттон уыдысты, хъусын сӕ нӕ фӕндыди.


Уым сын радтон Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ сын фехъусын кодтон Мӕ амындтытӕ, цӕмӕй сӕ алы адӕймаг дӕр ӕххӕст кӕна ӕмӕ уый фӕрцы цӕра.


Фӕлӕ Израилы адӕм ӕдзӕрӕг ран Мӕ ныхмӕ фесты. Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кодтой, Мӕ амындтытыл Мын суӕлӕхох сты, афтӕмӕй та уыдон, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уымӕн цард дӕттынц. Фӕчъизи Мын кодтой Мӕ сабӕттӕ, ӕмӕ Ӕз загътон, ӕдзӕрӕг ран сыл Мӕ азар ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сӕ бабын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ.


Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ, уымӕн ӕмӕ, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уый цӕрдзӕни сӕ фӕрцы. Ӕз Дунедарӕг дӕн.


Йесо йын дзуапп радта: «Хорз цы у, уымӕй Мӕ цӕмӕн фӕрсыс? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у. Фӕлӕ дӕ кӕд мыггагмӕйы цардмӕ бацӕуын фӕнды, уӕд ӕххӕст кӕн фӕдзӕхстытӕ».


Ӕмӕ сӕ Хуыцау кӕд Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ сӕвзӕрста, уӕд сӕ хъуыддӕгтӕ нымад не сты, науӕд хорзӕх нал уаид хорзӕх.


Дуне кӕд Ӕгъдау ӕххӕстгӕнджыты хай бауыдзӕн, уӕд уырнындзинад дзӕгъӕлы у, Хуыцауы зӕрдӕбавӕрд дӕр ницы у.


Уӕдӕ уыцы зӕрдӕбавӕрд уырнындзинадмӕ гӕсгӕ у, цӕмӕй Хуыцауы лӕвар уа ӕмӕ ӕнӕмӕнг аххӕсса Авраамы ӕппӕт байзӕддӕгтыл — Ӕгъдауы дӕлбар чи у, ӕрмӕст уыдоныл нӕ, фӕлӕ Авраамы уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдоныл дӕр. Авраам у не ’ппӕты фыдӕл,


ӕз та амардтӕн: царддӕттӕг цы фӕдзӕхст хъуамӕ уыдаид, уый мын ӕрхаста мӕлӕт.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan