5 Фӕлӕ сын мах нӕ басастыстӕм ӕмӕ иу сахаты бӕрц дӕр нӕ бахаудтам сӕ дӕлбар, цӕмӕй уӕм Фарны Уацы ӕцӕгад баззайа сыгъдӕгӕй.
Цыппар хатты мӕм ӕрбаминӕвар кодтой, ӕмӕ сын цыппар хатты дӕр уыцы иу дзуапп лӕвӕрдтон.
Павел ӕмӕ Варнавӕ семӕ не сразы сты, ӕмӕ сӕм стыр быцӕу рауад. Уӕд бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй Павел, Варнавӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕр ацы хъуыддаджы фӕдыл ацӕуой апостолтӕм ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕм Йерусалиммӕ.
Дисы мӕ ӕфтауы, Чырыстийы хорзӕхы фӕрцы уӕ Йӕхимӕ Ӕрхонӕгӕй ӕндӕр Фарны Уацмӕ уе ’ргом куыд тагъд здахын райдыдтат, уый.
Фӕлӕ уыдон Фарны Уацы ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ сӕхи кӕй нӕ дарынц, уый куы федтон, уӕд се ’ппӕты раз Кифӕйӕн загътон: «Кӕд ды, иудейаг, муртаттагау цӕрыс, иудейаджы хуызӕн нӕ, фӕлӕ, уӕд муртаттӕгтӕй цӕмӕн домыс иудейаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрын?»
Ау, рӕстдзинад уын кӕй дзырдтон, уый тыххӕй уын знаг сдӕн?
Ӕмӕ сымах дӕр ӕцӕгады ныхас, Фарны Уац, уӕ фервӕзыны тыххӕй куы фехъуыстат ӕмӕ Чырыстийыл куы баууӕндыдыстут, уӕд баиу стут Йемӕ. Хуыцауы адӕм кӕй стут, уый равдисынӕн Хуыцау сымах схайджын кодта, зӕрдӕ Кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Сыгъдӕг Удӕй.
Уӕ уырнындзинад ӕмӕ уарзты бындур — уӕлӕрвты уӕм цы зӕрдӕдарӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Сымах ын йӕ кой фехъуыстат ӕцӕгады ныхасы — Фарны Уацы.
Ӕмӕ уый тыххӕй мах иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ, махӕй цы Хуыцауы ныхас фехъуыстат, уый банымадтат адӕймагӕй рацӕугӕ ныхасыл нӕ, фӕлӕ, ӕцӕгдӕр куыд у, афтӕ — Хуыцауы ныхасыл, ӕмӕ сымах, уырнджытӕ, уӕ цард аразут уыцы ныхасмӕ гӕсгӕ.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд мӕ зӕрдиагӕй фӕндыди сымахмӕ нӕ иумӕйаг ирвӕзындзинады тыххӕй ныффыссын, уӕддӕр ӕнӕмӕнг бакӕнинагыл банымадтон сымахмӕ ныффыссын, сыгъдӕджытӕн иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ лӕвӕрд цы уырнындзинад ӕрцыди, мӕ фыстӕг уӕ ууыл тохмӕ куыд сразӕнгард кӕна, афтӕ.