11 Зонут ӕй, ме ’фсымӕртӕ: ӕз цы Фарны Уац фехъусын кодтон, уый адӕймагӕй нӕ рацыд.
Ӕппӕт уыдӕттӕ рабӕрӕг уыдзысты, Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау адӕмы сусӕг хъуыдытӕн ӕмӕ хъуыддӕгтӕн тӕрхон куы кӕна, уӕд. Афтӕ зӕгъы, ӕз цы Фарны Уац хъусын кӕнын, уый.
Уымӕн ӕмӕ, Бардарӕгӕй цы базыдтон, ӕз уый сымахӕн дӕр бацамыдтон: гадзрахатӕй Йыл куы рацыдӕуыд, уыцы ӕхсӕв Бардарӕг Йесо райста дзул,
Кӕд уӕ иу афтӕ зӕгъы: «Ӕз Павелы ахуыргӕнинаг дӕн», иннӕ та: «Ӕз Аполлосы ахуыргӕнинаг дӕн», уӕд ацы дунейы адӕмау не стут, ӕви?
Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕз, мыййаг, адӕймаджы зондӕй зӕгъын? Моисейы Ӕгъдау дӕр афтӕ нӕ зӕгъы, ӕви?
Павелӕй, адӕмы уынаффӕйӕ нӕ, адӕймаджы фӕрцы дӕр нӕ, фӕлӕ Йесо Чырысти ӕмӕ Йӕ мӕрдтӕй райгасгӕнӕг Фыд Хуыцауы фӕндӕй апостол чи сси, уымӕй,
Дисы мӕ ӕфтауы, Чырыстийы хорзӕхы фӕрцы уӕ Йӕхимӕ Ӕрхонӕгӕй ӕндӕр Фарны Уацмӕ уе ’ргом куыд тагъд здахын райдыдтат, уый.