8 Ноджы ма, ме ’фсымӕртӕ, ӕцӕг, уӕздан, раст, сыгъдӕг, уарзинаг, ӕхцон цыдӕриддӕр у, цыдӕриддӕр нывыл ӕмӕ раппӕлинаг у, бӕллут уымӕ.
Авраамы Ӕз уый тыххӕй равзӕрстон, цӕмӕй йӕ фырттӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн ныффӕдзӕхса Дунедарӕджы фӕндагыл цӕуын, раст хъуыддӕгтӕ кӕнын. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ».
Уарзон ӕмӕ цытджын Саул! Уарзон ӕмӕ цытджын Ионатан! Сӕ удӕгасӕй дӕр кӕрӕдзийӕ нӕ хицӕн кодтой, ӕмӕ сӕ мӕлӕт дӕр нӕ ахицӕн кодта. Уыдон цӕргӕсӕй цӕрдӕгдӕр уыдысты, уыдон домбайӕ домбайдӕр уыдысты!
Израилы Хуыцау загъта, Израилы Къӕдзӕх мын фехъусын кодта: „Рӕстӕй адӕмыл ӕлдариуӕг чи кӕна, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сын разамынд чи дӕтта,
О Хуыцау, ма у ӕнӕсым, ма лӕуу ӕнцад! ма у ӕнӕдзуапп, Хуыцау!
Дунедарӕгӕн сайаг барӕнтӕ ӕлгъаг сты, раст уӕзбарӕнтӕ — ӕхцон.
Хӕрзуаг бинойнаг йӕ сӕрыхицауӕн — кады худ, налат ус та — йе стджыты ’хсӕн ӕмбыд стӕг.
Дунедарӕг раст уӕзбарӕнтӕ домы, хызыны цы уӕзбарӕнтӕ ис, уыдон Уый сфӕлдыста.
Рӕстуд сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕры, йӕ байзӕддӕгтӕн тӕхудиаг у сӕ фидӕн.
Хорз усы куыд ссардӕуа? Уый налхъуыт-налмастӕй зынаргъдӕр у,
«Кады аккаг сылгоймӕгтӕ бирӕ уыди, фӕлӕ ды се ’ппӕты дӕр амбылдтай!»
Ӕмбӕлгӕ хӕрзиуӕг ын раттут, сахары кулдуары раз ӕй сыстаут!
Йӕ былтӕ — адджын, алцӕмӕй йӕхимӕ ’лвасы. О, Йерусалимы чызджытӕ! Ахӕм у мӕ уарзон, ахӕм у мӕ лымӕн!
Рӕстаг лӕгӕн йӕ фӕндаг раст у — Дӕхӕдӕг ӕй кӕныс рӕствӕндаг.
Уыйадыл Ӕм сӕ ахуыргӕнинӕгты барвыстой Ироды фарсхӕцджытимӕ, ӕмӕ Йын уыдон загътой: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕй зонӕм, Ды раст кӕй дӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндаг ӕцӕгады фӕткыл кӕй амоныс; искӕй зӕрдӕ балхӕныныл нӕ архайыс, уымӕн ӕмӕ никӕй хъулон кӕныс.
Уымӕн ӕмӕ Ирод тарстис Иоаннӕй; раст ӕмӕ сыгъдӕг адӕймаг кӕй у, уый зыдта ӕмӕ йыл йӕ арм дардта. Кӕд-иу Иоанны ныхӕстӕй фӕкъӕмдзӕстыг ис, уӕддӕр ӕм хъуыста ӕхсызгонӕй.
Йесо сын загъта: «Адӕмы раз уӕхи рӕстгӕнджытӕй ӕвдисут, фӕлӕ уын Хуыцау уӕ зӕрдӕтӕ зоны. Уымӕн ӕмӕ, адӕммӕ кадджын цы у, уый Хуыцауы цӕсты ӕлгъаг у.
Йерусалимы цардис иу рӕстгӕнӕг, йӕ ном — Симеон. Уый уыди Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ касти, Хуыцау Израилы кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ. Симеон хайджын уыди Сыгъдӕг Удӕй.
Иу лӕг, йӕ ном — Йосеф, синедрионы уӕнг, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ раст адӕймаг,
Йӕхи номӕй дзурӕг йӕхи кадмӕ бӕллы. Йӕ Рарвитӕджы скадджын кӕнын Кӕй фӕнды, Уый та, ӕцӕг цы у, уый дзуры — мӕнгдзинад Ӕм нӕй.
Уыдон загътой: «Сӕдӕйыхицау Корнелий раст адӕймаг у, тӕрсы Хуыцауӕй, ӕппӕт иудейаг адӕм ӕй нымайынц. Сыгъдӕг зӕд ын бафӕдзӕхста дӕу йӕ хӕдзармӕ ӕрхонын ӕмӕ дын дӕ ныхӕстӕм байхъусын».
Иу лӕг, Ананиа, — Ӕгъдауыл ӕнувыд, ӕппӕт дамаскаг иудейӕгтӕм нымад —
Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, уӕхицӕй равзарут, Сыгъдӕг Удӕй хайджын, дзырддзӕугӕ ӕмӕ куырыхон авд лӕджы, ӕмӕ сӕ бафтауӕм уыцы куыстыл,
Боны рухсмӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ хӕдӕфсармӕй цӕрӕм. Ма бафтӕм фыднозт ӕмӕ ӕнӕуаг митыл, хӕтын ӕмӕ ӕлгъаг хъуыддӕгтыл, быцӕутӕ ӕмӕ хӕлӕгыл.
Хицӕуттӕй тӕссаг у, хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕн нӕ, фӕлӕ, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕн. Фӕнды дӕ, цӕмӕй хицауадӕй ма тӕрсай, уый? Араз хорз хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ дӕ хицауад разы уыдзӕн.
Йӕ ахӕм цардӕй Чырыстийӕн чи лӕггад кӕны, уый ӕлхӕны Хуыцауы зӕрдӕ, ӕмӕ дзы адӕм дӕр сты райгонд.
Ӕцӕг иудейаг, зӕрдӕйӕ иудейаг чи у, уый у; ӕцӕг сунӕт, Ӕгъдау афтӕ кӕй домы, уый тыххӕй конд нӕу, фӕлӕ Удӕй аразгӕ зӕрдӕйы сунӕт у. Ахӕм адӕймагӕй адӕм нӕ, фӕлӕ Хуыцау раппӕлы.
Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Бардарӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ — Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг.
Ӕмӕ кувӕм Хуыцаумӕ, цӕмӕй ӕвзӕрӕй мацы саразат. Нӕ куывд уый сӕрыл нӕу, ӕмӕ, цавӕр хъуамӕ уӕм, нӕхи ахӕмӕй равдисӕм — фӕнды нӕ, цӕмӕй сымах аразат хорз хъуыддӕгтӕ, мах цавӕр хъуамӕ уӕм, ахӕмтӕ уӕм куы нӕ кӕсӕм, уӕд дӕр.
Мах вӕййӕм нымад ӕмӕ ӕгад, фӕдзурынц нӕ ӕвзӕр ӕмӕ хорз. Нымайынц нӕ фӕлитойтыл, мах та стӕм раст;
Йемӕ ма йын ӕрвитӕм, Фарны Уац адӕммӕ зӕрдиагӕй кӕй хӕссы, уый тыххӕй ӕппӕт аргъуантӕ дӕр кӕмӕй ӕппӕлынц, уыцы ӕфсымӕры.
Мах тырнӕм, цӕмӕй ӕппӕт дӕр нывыл уа ӕрмӕст Бардарӕджы цӕсты нӕ, фӕлӕ адӕмы цӕсты дӕр.
Удӕн та йӕ дыргътӕ сты: уарзондзинад, циндзинад, фарн, бирӕбыхст, зӕрдӕхӕлардзинад, рӕдаудзинад, иузӕрдиондзинад,
Уӕдӕ мӕнг ныхӕстӕ мауал кӕнут — алчидӕр йӕ хионӕн дзурӕд, ӕцӕг цы у, уый, уымӕн ӕмӕ мах стӕм иу буары уӕнгтӕ.
уымӕн ӕмӕ рухсӕн йӕ дыргътӕ сты: хӕлардзинад, рӕстад ӕмӕ ӕцӕгад.
Уӕдӕ фидар лӕуут, уӕ астӕутӕ ӕрбалвасут ӕцӕгадӕй, уӕ уӕлӕ скӕнут рӕстады згъӕрхӕдон.
Рӕстдзинадмӕ, ӕрмӕстдӕр рӕстдзинадмӕ тырн, цӕмӕй сӕрӕгасӕй баззайай ӕмӕ дын Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бӕстӕ дӕтты, уый дӕхи бакӕнай.
Уӕдӕмӕ, ме ’фсымӕртӕ, цин кӕнут, Бардарӕгимӕ кӕй стут, ууыл. Раздӕр уын цы дзырдтон, уый уӕм ногӕй ныффыссон, уый мӕнӕн зын нӕу, сымах та фыдбылызӕй бахиздзӕн.
Ӕнӕуырнджытимӕ уӕхи дарут зондджынӕй, алы фадатӕй дӕр пайда кӕнгӕйӕ.
Уӕд ӕнӕуырнджыты раз уӕ цард уыдзӕн нывыл, ӕмӕ хъуаг ницӕмӕй ӕййафдзыстут.
уыимӕ — паддзӕхтӕ ӕмӕ ӕппӕт хицӕутты тыххӕй дӕр, цӕмӕй ӕнцад-ӕнцойӕ ӕмӕ ӕнӕмастӕй, Хуыцауыл ӕнувыдӕй кад ӕмӕ радимӕ цӕрӕм.
Афтӕ сӕ устытӕ дӕр: хъуамӕ уой кады аккаг, ма уой хахуыргӕнджытӕ, уой уӕззау зонды хицау ӕмӕ ӕууӕнкджын алы хъуыддаджы дӕр.
аккаг уынаффӕгӕнӕг йӕ хӕдзарӕн, аргъ ын кӕной йӕ цот ӕмӕ йын уой коммӕгӕс.
Ӕвзонг кӕй дӕ, уый тыххӕй дыл ӕнӕввӕрсонтӕ мачи кӕнӕд. Уырнджытӕн у фӕзминаг дӕ ныхасӕй, дӕ цардӕй, дӕ уарзтӕй, дӕ уырнындзинадӕй, ӕнӕкъӕм кӕй дӕ, уымӕй.
Алчидӕр сӕ хъуамӕ зындгонд уа йӕ хорз хъуыддӕгтӕй: схъомыл кодта сывӕллӕттӕ, бӕлццӕттӕн уыд фысым, сыгъдӕджытӕн ӕхсадта сӕ къӕхтӕ, ӕххуыс кодта иннӕтӕн сӕ зынты — алы хорз хъуыддагмӕ дӕр у ӕмхиц.
ацӕргӕ сылгоймӕгтимӕ — цыма дӕ мадимӕ дзурыс, афтӕ; дӕхицӕй кӕстӕр сылгоймӕгтимӕ — дӕхи хотимӕ дзурӕгау, хиуылхӕцгӕ ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ.
Уый хъуамӕ уа уазӕгуарзон, хӕрзгӕнӕг, хӕдӕфсарм, раст адӕймаг, Хуыцауыл ӕнувыд, хиуылхӕцгӕ,
Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм.
Зӕронд лӕгты ахуыр кӕн, цӕмӕй уой уӕззау зонды хицау, уӕздан, хӕдӕфсарм, раст уырнындзинадыл хӕст, уарзӕгой, фӕразон.
Алы хъуыддаджы дӕр дӕхи ӕвдис фӕзминагӕй. Аккаг хуызы амон ӕцӕгад — мацы дзы аппар ӕмӕ йӕм мацы бафтау.
Уадз ӕмӕ мах уырнджытӕ дӕр сахуыр уой, ӕххуысы сӕр кӕм хъӕуы, уым ӕнувыдӕй хорз хъуыддӕгтӕ аразыныл, науӕд сӕ уырнындзинад уыдзӕн ӕнӕпайда.
Незаманты чи царди, уыдон раппӕлинаг уыдысты сӕ уырнындзинадӕй.
Кувут мах тыххӕй. Не ’фсарм сыгъдӕг кӕй у, уый нын дызӕрдыггаг нӕу, уымӕн ӕмӕ архайӕм алцӕмӕй дӕр рӕстӕй цӕрыныл.
Сидзӕрты, идӕдзты сӕ зынты барӕвдауын, а дунейы чъизитӕй хи бахизын, — уый у Фыд Хуыцауы раз сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау уырнындзинад.
Уӕларвӕй ӕрцӕугӕ зонд та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй у фидауынгӕнӕг, сӕрныллӕг, коммӕгӕс, фӕлмӕнзӕрдӕ, йӕ хъуыддӕгты дыргътӕ сты хорз, никӕй хъулон кӕны, цӕстмӕмитӕ йӕм нӕй.
Ӕцӕгадӕн йӕ коммӕ бакӕсыны руаджы сымах уӕ зӕрдӕтӕ ссыгъдӕг кодтат, цӕмӕй зӕрдиагӕй уарзат уе ’фсымӕрты. Уӕдӕ кӕрӕдзийы бауарзут зӕрдиагӕй.
Муртаттӕгты ӕхсӕн уӕ цард уӕд фӕзминаг. Фыдгӕнджытӕ уӕ чи хоны, уыдон уыл кӕд цъыф калынц, уӕддӕр уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уындзысты ӕмӕ скад кӕндзысты Хуыцауӕн, куы ’рцӕуа, уӕд.
Фыццаджыдӕр кӕрӕдзийы уарзут зӕрдиагӕй, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны.
Ныридӕгӕн уӕм дыккаг фыстӕг фыссын, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ. Дыууӕ фыстӕджы дӕр уын уӕ зӕрдыл цы лӕууын кӕнын, уымӕй архайын уӕ сыгъдӕг хъуыдытӕ райхъал кӕныныл.
Мӕ хуртӕ, уӕдӕ кӕрӕдзийы дзыхӕй ма уарзӕм, фӕлӕ нын зӕрдиаг кӕй у, уый равдисӕм хъуыддагӕй.
Ӕмӕ Йыл уыцы хъуыддаджы йӕ зӕрдӕ чидӕриддӕр дары, уый сыгъдӕг кӕны йӕхи, уымӕн ӕмӕ Уый сыгъдӕг у.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, алы адӕймагыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ йӕ фӕлварут, цы монӕй хайджын у, уый йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнгпехуымпартӕ фӕзынди дунейы.
Уӕдӕ афтӕ, мӕ къона: тӕрсгӕ ма кӕн, цыдӕриддӕр загътай, уыдӕттӕ дын сараздзынӕн, уымӕн ӕмӕ хӕрзӕгъдау сылгоймаг кӕй дӕ, уый нӕ сахар иууылдӕр зонынц.