6 Мацӕуыл мӕт кӕнут, фӕлӕ алы хатт дӕр кувут Хуыцаумӕ, лӕгъстӕ Йын кӕнут, арфӕ Йын кӕнгӕйӕ, ӕргом кӕнут уӕ фӕндиӕгтӕ,
О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Абон ӕркӕс Дӕ цагъармӕ, Дӕ хъус ын ӕрдар йӕ куывдмӕ, фехъус ын йӕ лӕгъстӕ!
Фӕлӕ паддзах Езекиа ӕмӕ пехуымпар Исайа, Амоцы фырт, ӕххуысагур сдзынӕзтой уӕларвмӕ,
Уымӕн ӕмӕ Ды — мӕ сӕрылхӕцӕг, Дӕ базыры бын цин кӕнын.
Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕутты нывӕндтыл ӕлгъ кӕны, рӕстуды куывд ын ӕхсызгон у.
Дӕ хъуыддӕгтӕ Дунедарӕджы бар бакӕн, ӕмӕ дӕ фӕндтӕ сӕххӕст уыдзысты.
О, мӕ бӕлон, комы айнӕджы бын чи бамбӕхст! Ратт мын дӕ феныны бар, фехъусын мын кӕн дӕ хъӕлӕс — адджын у дӕ хъӕлӕс, дӕ цӕсгом — диссаджы рӕсугъд!»
Ӕлхӕды ӕвдисӕндартӕ Нериайы фырт Барухмӕ радтон ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывтон:
балӕгъстӕ Мын кӕн, ӕмӕ дын Ӕз дзуапп ратдзынӕн, цы нӕ зоныс ӕмӕ адӕймаджы зонд цӕмӕ не ’ххӕссы, уыцы диссӕгтӕ дын фенын кӕндзынӕн.
Фӕлӕ Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него паддзах Навуходоносорӕн дзуапп радтой: «Мах нӕхи дӕ разы нӕ раст кӕндзыстӕм.
Кӕд Даниил паддзахы бардзырд зыдта, уӕддӕр-иу йӕ хӕдзары уӕллаг уатмӕ ссыди; йӕ уаты рудзгуытӕ арӕзт уыдысты Йерусалимы ’рдӕм. Бон ӕртӕ хатты-иу йӕ зонгуытыл ӕрлӕууыд ӕмӕ раздӕрау куывта ӕмӕ арфӕ кодта йӕ Хуыцауӕн.
Куы уӕ ӕрцахсой, уӕд-иу, куыд кӕнӕ цы зӕгъын хъӕуы, ууыл ма тыхсут — цы зӕгъын хъӕуы, уый уын уайсахат рардӕуыдзӕн.
Сындзыты ӕхсӕн цы нӕмыг ӕрхауди, уый та у ахӕм адӕймаг: ныхас фехъусы, фӕлӕ йын ӕй зӕххон царды мӕт ӕмӕ мулчы бӕллиц сӕ быны фӕкӕнынц, ӕмӕ ницы дыргъ ӕрхӕссы.
Уӕдӕ ма мӕт кӕнут сомбоныл, уымӕн ӕмӕ сомбон йӕхӕдӕг тыхсдзӕни йӕхиуыл. Алы бонӕн дӕр йӕхи сагъӕстӕ фаг сты.
Ма сӕ фӕзмут, уымӕн ӕмӕ, нӕма ской кӕнут, афтӕмӕй йӕ уӕ Фыд фӕзоны, сымах хъуаг цӕмӕй ӕййафут, уый.
Йесо йын дзуапп радта: «Марфӕ, Марфӕ, ды бирӕ цӕуылдӕртыл мӕт кӕныс ӕмӕ тыхсыс,
Уый фӕстӕ Йесо загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: ма мӕт кӕнут нӕдӕр хойрагыл, нӕдӕр дарӕсыл.
Уӕдӕ цы хӕрат ӕмӕ цы нуазат, ууыл ма мӕт кӕнут ӕмӕ ма тыхсут.
Ӕдзух кувын кӕй ӕмбӕлы ӕмӕ хъынцъым кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй сын Йесо ӕмбисонд ӕрхаста:
Ау, уӕдӕ уӕд Хуыцау, ӕхсӕвӕй-бонӕй Йын чи лӕгъстӕ кӕны, Йӕ уыцы ӕвзӕрстыты нӕ бахъахъхъӕндзӕн, ӕви? Мыййаг, Йе ’ххуысимӕ бафӕстиат уыдзӕн?
Цагъайрагӕй дӕм фӕсидти — ма йыл тыхс; фӕлӕ кӕд дӕ бон сӕрибар райсын у, уӕд дын хуыздӕр уыдзӕни уыцы фадатӕй спайда кӕнын.
Мӕн та фӕнды, цӕмӕй сымах уат ӕнӕмӕт. Ӕнӕус мӕт кӕны Бардарӕджы хъуыддагыл, Бардарӕджы зӕрдӕ балхӕныныл.
сымах дӕр ма нын куы куват, уӕд. Ӕмӕ бирӕтӕ бузныг зӕгъдзысты Хуыцауӕн, бирӕты куывдмӕ гӕсгӕ ныл хӕрзаудӕн кӕй кӕны, уый тыххӕй.
Иудадзыг ӕмӕ алцӕй тыххӕй дӕр нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй бузныг ут Фыд Хуыцауӕй.
Кӕддӕриддӕр кувут ӕмӕ курут Хуыцауы Удӕй разӕнгардӕй. Уый тыххӕй ут къӕрцхъус ӕмӕ ӕвӕллайгӕйӕ кувут ӕппӕт сыгъдӕджыты тыххӕй.
Чырыстийы фарн разамынд дӕттӕд уӕ зӕрдӕтӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы фарны сӕраппонд ӕрхуындӕуыд сымах, ӕмӕ систут иу буар. Ӕмӕ уый тыххӕй ут бузныг.
Ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй цыдӕриддӕр аразут, уый уын уӕд Бардарӕг Йесойы номыл ӕмӕ Йӕ фӕрцы арфӕ кӕнут Фыд Хуыцауӕн.
Кувут ӕнувыдӕй, зӕрдиагӕй ӕмӕ Хуыцауӕй бузныгӕй.
Фыццаджыдӕр курын, цӕмӕй куват, курат, лӕгъстӕ ӕмӕ арфӕ кӕнат Хуыцауӕн ӕппӕт адӕмы,
Иунӕгӕй чи баззади, уыцы идӕдз ус йӕ зӕрдӕ дары ӕрмӕст Хуыцауыл, ӕхсӕвӕй-бонӕй кувы ӕмӕ куры.
Рӕхджы алцӕмӕн дӕр уыдзӕни кӕрон. Уӕдӕ ут хӕдзонд, кӕддӕриддӕр уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут.
Уе ’ппӕт сагъӕстӕ бакӕнут Йӕ бар, уымӕн ӕмӕ Йӕ мӕт сымахыл у.
Аннӕ йын дзуапп радта: «Нӕ, ме ’лдар, ӕз сӕн дӕр нӕ бануӕзтон ӕмӕ махсымӕ дӕр. Фыр адӕргӕй цы акӕнон, уый нӕ зонын ӕмӕ мӕнӕ Дунедарӕгӕн мӕ риссӕгтӕ дзурын.
Давидӕн йӕ сӕр бынтондӕр уынгӕджы фӕци. Сӕ цоты тыххӕй йӕм адӕм смӕсты сты ӕмӕ йӕ дурты бын фӕкӕнынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ Давид ныфсджын уыди Дунедарӕгӕй, йӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ загъта сауджын Авиафарӕн, Ахимелехы фыртӕн: «Ӕрбахӕсс-ма мын ефод». Авиафар ӕм ӕрбахаста ефод,
Самуел Мицпа ӕмӕ Шены ӕхсӕн ныссагъта дур ӕмӕ йӕ схуыдта Евен-Езер. Загъта: «Ацы бынаты онг нын Дунедарӕг ӕххуыс кодта».