5 Ӕвӕлмас кӕй стут, уый зындгонд уӕд ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Бардарӕг хӕстӕг у.
Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: ма мӕт кӕнут нӕдӕр, цы бахӕрат ӕмӕ цы бануазат, ууыл, нӕдӕр дарӕсыл. Ау, цард хойрагӕй ахсджиагдӕр нӕу, буар та — дарӕсӕй?
Уӕдӕ ма мӕт кӕнут сомбоныл, уымӕн ӕмӕ сомбон йӕхӕдӕг тыхсдзӕни йӕхиуыл. Алы бонӕн дӕр йӕхи сагъӕстӕ фаг сты.
Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды мӕтӕй ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕвиппайды ма ӕрӕййафа.
Бардарӕджы [Йесо Чырыстийы] чи нӕ уарзы, уый ӕлгъыст у. Марана та!
Кӕрӕдзиуыл кӕй хъаст кӕнут, ӕрмӕст уый дӕр уӕ тынг ӕгад кӕны. Ӕфхӕрды бынаты баззайын уын хуыздӕр нӕ уаид? Истӕмӕй хъуаг куы ӕййафиккат, уӕд уын хуыздӕр нӕ уаид?
Уӕдӕ кӕд хойраг тӕригъӕды ӕфтауы ме ’фсымӕры, уӕд мыггагмӕ дӕр дзидзайы хъӕстӕ мӕхи нал фӕкӕндзынӕн, цӕмӕй тӕригъӕды ма бафтауон ме ’фсымӕры.
Ерысты архайджытӕ алцӕмӕй дӕр сты хиуылхӕцгӕ. Уыдонӕн сӕ нысан у, зӕххон, ома баруайӕн цы хӕрзиуӕгӕн ис, уый райсын; махӕн та — баруайӕн кӕмӕн нӕй, уый.
Лӕгӕй-лӕгмӕ уемӕ ӕнӕныфсхаст чи у, уӕ фӕсаууонмӕ та — сӕрӕн, ӕз уыцы Павел дӕн.
цӕмӕй уӕ зонд фидар уа ӕмӕ уӕ тасы ма бафтауой нӕдӕр мӕнгпехуымпарад, нӕдӕр ныхӕстӕ, нӕдӕр фыстӕг, цыма уыдон махӕй рацыдысты, ныридӕгӕн Бардарӕджы ӕрцыды бон ралӕууыд, зӕгъгӕ.
макӕй фыдгой кӕной, ма уой загъдгӕнаг, фӕлӕ алкӕимӕ дӕр уой ӕвӕлмас ӕмӕ сӕрныллӕг.
Иуӕй-иутӕ куыд сахуыр сты, уыйау мах ма уадзӕм не ’мбырд, фӕлӕ ныфс дӕттӕм кӕрӕдзийӕн, уӕлдайдӕр, Бардарӕджы ӕрцыды бон ӕрӕввахс кӕны, уый кӕй уынӕм, уый тыххӕй.
Уымӕн ӕмӕ «бирӕ нал хъӕуы, хӕрз гыццыл рӕстӕг ма, ӕмӕ, ӕрцӕуинаг Чи у, Уый ӕрцӕудзӕн, нӕ бафӕстиат уыдзӕн.
Уыдон архайдтой, хайджын Кӕмӕй уыдысты, Чырыстийы уыцы Уд сын рагагъоммӕ Чырыстийы хъизӕмӕртты ӕмӕ Йӕ фӕстӕдӕры кады тыххӕй куы дзырдта, уӕд сын цы рӕстӕгмӕ ӕмӕ уавӕрмӕ амыдта, уый базоныныл.
Рӕхджы алцӕмӕн дӕр уыдзӕни кӕрон. Уӕдӕ ут хӕдзонд, кӕддӕриддӕр уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут.
Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕвдисӕн Чи у, Уый зӕгъы: «О, рӕхджы ӕрцӕудзынӕн!» Аммен. Ӕрцу, Бардарӕг Йесо!
«Рӕхджы ӕрцӕудзынӕн. Тӕхудиаг у, ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, уый».