21 Саламтӕ раттут сыгъдӕджытӕн — Йесо Чырыстиимӕ удӕнгом чи у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн. Саламтӕ уын ӕрвитынц, мемӕ чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ.
Кӕд уарзон салам ӕрмӕстдӕр уе ’фсымӕртӕн дӕттут, уӕд уым уадиссагӕй цы ис? Муртаттӕгтӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви?
Хуыцауы аргъуанмӕ Коринфы, Йесо Чырыстиимӕ баиуы фӕрцы Хуыцауыл фӕдзӕхст чи у ӕмӕ Хуыцау Йӕ сыгъдӕджытӕ суӕвынмӕ кӕмӕ фӕсидти, уыдонмӕ; стӕй, алы ран дӕр нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ном чи ары, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр.
стӕй, мемӕ чи ис, ӕппӕт уыцы ӕфсымӕртӕй Галатийы аргъуантӕм.
Ме ’мбӕлццон Тит бердзенаг уыди, фӕлӕ уымӕй дӕр сунӕт скӕнын нӕ домдтой,
Павелӕй, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостолӕй — Йесо Чырыстийыл иузӕрдион чи у, Эфесы уыцы сыгъдӕджытӕм.
Павел ӕмӕ Тимофейӕ, Йесо Чырыстийы цагъартӕй, — Йесо Чырыстиимӕ удӕнгом чи у, Филиппты уыцы сыгъдӕджытӕм, аргъуаны хистӕртӕм ӕмӕ диакъонтӕм.
ӕмӕ, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, Хуыцауы уыцы фарн бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы.