Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Филиппӕгтӕм 4:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Ӕз райстон, ӕмӕ мӕм ис, цас мӕ хъӕуы, уымӕй фылдӕр. Цы мын рарвыстат, уый райстон Эпафродитӕй, ӕмӕ мӕм фаг ис. Уӕ хуын у хӕрздӕф нывондау, Хуыцауӕн фӕндиаг ӕмӕ ӕхсызгон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Филиппӕгтӕм 4:18
15 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ йӕ афтӕмӕй иууылдӕр нывондхӕссӕныл басудз. Уый у иууылсудзинаг нывонд Дунедарӕгӕн, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.


ӕмӕ Дунедарӕгӕн уе стуртӕ кӕнӕ уӕ фысвосӕй нывӕндтӕ куы хӕссат — иууылсудзинаг нывонд уа ӕви сомыйы нывонд, бархийы нывонд, бӕрӕгбоны фӕдыл ӕви ӕндӕр исты нывонд — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн куы судзат,


дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг;


Корнелий зӕды куы федта, уӕд фӕтарст ӕмӕ бафарста: «Цы, Бардарӕг?» Зӕд ын дзуапп радта: «Дӕ куывдтытӕ ӕмӕ дӕ хорз хъуыддӕгтӕ нӕ ферох сты Хуыцауӕй.


Хуыцау уӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ: уӕхи Йын ӕрхӕссут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ фӕндиаг нывондӕн. Уый уыдзӕн, зӕрдӕйӕ чи цӕуы, уӕ уыцы куыст Хуыцауӕн.


Зӕгъӕн ис, ӕз стыгътон иннӕ аргъуантӕ — сымахӕн балӕггад кӕныны тыххӕй ӕхца уыдонӕй истон. Сымахмӕ куы уыдтӕн, уӕд хъуаг кӕд ӕййӕфтон, уӕддӕр никӕй батыхсын кодтон.


Уымӕн ӕмӕ сыгъдӕджытӕн сӕ хъуӕгты баххуыс кӕнынӕй уӕлдай уӕ уыцы лӕггад расайдзӕн бирӕ арфӕтӕ Хуыцауӕн.


Кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ цӕрут, Чырысти мах куыд бауарзта ӕмӕ нӕ сӕраппонд Хуыцауӕн ӕхцон хӕрздӕф нывондӕн Йӕхи куыд ӕрхаста, афтӕ.


Цӕрын зонын гӕвзыккӕй дӕр ӕмӕ фӕрныгӕй дӕр; сахуыр дӕн кӕддӕриддӕр ӕмӕ кӕмдӕриддӕр ӕфсӕстӕй ӕмӕ стонгӕй, парахатӕй ӕмӕ хъуагӕй цӕрыныл.


Сымах тыххӕй, ӕфсымӕртӕ, мах хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ рӕзы уӕ уырнындзинад ӕмӕ уе ’хсӕн фидардӕр кӕны уарзондзинад.


Рохуаты ма ныууадзут хорзы цӕуын дӕр, цы уӕм ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын — ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхцон сты.


Ӕмӕ сымах дӕр цардӕгас дуртау уӕхи раттут Хуыцауӕн, уӕхицӕй лӕггады хӕдзар самайынӕн; уыдзыстут дзы сыгъдӕг кусджытӕ ӕмӕ Йын Йесо Чырыстийы фӕрцы хӕсдзыстут фӕндиаг нывӕндтӕ — лӕггад Ын кӕндзыстут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan