Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Филиппӕгтӕм 4:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Уӕхӕдӕг ӕй зонут, филиппӕгтӕ, Фарны Уац хъусын кӕнынмӕ куы бавнӕлдтон ӕмӕ Македонийӕ куы рацыдтӕн, уӕд мын мӕ лӕггады тыххӕй иу аргъуан дӕр нӕ баххуыс кодта — ӕрмӕстдӕр мӕ сымах барӕвдыдтат.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Филиппӕгтӕм 4:15
12 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ йын Елисей загъта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй, — ницы райсдзынӕн!» Нееман ын лӕгъстӕтӕ бӕргӕ кодта, фӕлӕ йын сӕ уый уӕддӕр нӕ бакуымдта.


уӕд Гиези, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Елисейы лӕггадгӕнӕг, загъта йӕхицӕн: «Мӕ хицау уыцы арамейаг Нееманы лӕвӕрттӕ нӕ бакуымдта, фӕлӕ сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ӕз ӕй хъуамӕ баййафон ӕмӕ дзы исты райсон».


Павел ӕмӕ Силӕ ахӕстонӕй ӕрцыдысты Лидиайы хӕдзармӕ. Уым фембӕлдысты ӕфсымӕртимӕ, ныфс сӕ бауагътой ӕмӕ араст сты дарддӕр.


Уымӕн ӕмӕ Македони ӕмӕ Ахайы уырнджыты бафӕндыд, Йерусалимы сыгъдӕджытӕй мӕгуыр чи у, уыдонӕн баххуыс кӕнын.


Фӕнды мӕ, ме ’фсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, ӕз цы уавӕры бахаудтӕн, уый кӕй фӕахъаз Фарны Уац парахатдӕрӕй хъусын кӕнынӕн;


Иутӕ — уарзты сӕрвӕлтау, Фарны Уацы сӕрылхӕцӕгӕй мӕн Хуыцау сӕвӕрдта, уый зонгӕйӕ.


Уымӕн ӕмӕ сымах Фарны Уац хъусын кӕныныл архайут фыццаг бонӕй суанг абоны онг.


Уе ’ппӕтмӕ дӕр ӕз хъуамӕ ахӕм цӕстӕй кӕсон, уымӕн ӕмӕ сымах цӕрут мӕ зӕрдӕйы. Уе ’ппӕт — ныртӕккӕ, ахӕстоны куы дӕн, уӕд дӕр, Фарны Уацы сӕрыл куы хӕцыдтӕн, уӕд дӕр ӕмӕ, раст кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн куы лӕууыдтӕн, уӕд дӕр — мемӕ иумӕ архайдтат, мӕнӕн нысандгонд чи у, уыцы арфӕйаг хъуыддаджы.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, сымах иудадзыг коммӕгӕс уыдыстут — ӕз уемӕ куы уыдтӕн, уӕд дӕр, уӕлдайдӕр та ныртӕккӕ, ӕз уемӕ куы нӕ дӕн, уӕд. Уӕдӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ уӕхи хъарут уӕ фервӕзыныл,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan