Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Филиппӕгтӕм 4:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Мӕ бон алцыдӕр у Чырыстийы хъаруйӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Филиппӕгтӕм 4:13
12 Iomraidhean Croise  

Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй.


Мӕн тыххӕй дзурдзысты, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгмӕ ис рӕстдзинад ӕмӕ хъомыс, зӕгъгӕ». Дунедарӕгмӕ фыдгулы цӕстӕй чи каст, уыдон иууылдӕр ӕрхуддзысты сӕхиуыл ӕмӕ Йӕм ӕрбацӕудзысты.


Йесо йын загъта: «Рацу». Петр рахызти бӕлӕгъӕй ӕмӕ доныл Йесойы ’рдӕм фӕцӕйцыди.


Сымах Мемӕ куы уат ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы куы цӕрой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр хъӕуа, уый ракурут ӕмӕ йӕ райсдзыстут.


Йӕ кады стырадӕй уын тых куыд ратта, Йӕ Уды руаджы уӕ удвидар куыд скӕна,


Ӕппынфӕстаг, ме ’фсымӕртӕ, удвидар кӕнут Бардарӕгимӕ, Йӕ хъомыс ӕмӕ Йӕ хъаруйы фӕрцы.


цӕмӕй Йе стыр хъомысы фӕрцы фидар кӕнат, быхсаг ӕмӕ фӕразон суат.


Ӕз арфӕ кӕнын, мӕнӕн тых Чи радта, нӕ уыцы Бардарӕг Йесо Чырыстийӕн, иузӕрдионыл мӕ кӕй банымадта, Йӕ кусӕг мӕ кӕй скодта, уый тыххӕй,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan