Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Филиппӕгтӕм 4:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Цӕрын зонын гӕвзыккӕй дӕр ӕмӕ фӕрныгӕй дӕр; сахуыр дӕн кӕддӕриддӕр ӕмӕ кӕмдӕриддӕр ӕфсӕстӕй ӕмӕ стонгӕй, парахатӕй ӕмӕ хъуагӕй цӕрыныл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Филиппӕгтӕм 4:12
15 Iomraidhean Croise  

Ды сын балӕвар кодтай Дӕ хорзӕхджын Уд, зонд сын куыд амона, афтӕ. Дӕ маннӕ дӕр сын нӕ байстай ӕмӕ-иу сын сӕ дойны басӕттынӕн дон раттай.


Дунедарӕг мыл Йӕ хъомысджын къух ӕруагъта ӕмӕ мын бафӕдзӕхста, ацы адӕмы ма бафӕзм, зӕгъгӕ. Загъта мын:


Мӕ фӕндагӕй иуварс куы фӕзылдтӕн, уӕд фӕсмон кодтон, зонды къахыл куы ’рлӕууыдтӕн, уӕд мӕхи хостон. Ме ’взонджы бонты худинаг мемӕ кӕй фӕхастон, уый тыххӕй фӕхудинаг ӕмӕ сӕгад дӕн».


Сӕвӕрут уӕ уӕлӕ Ме ’фсондз ӕмӕ сахуыр ут Мӕнау фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг уӕвын, ӕмӕ уӕд удӕнцой ссардзыстут.


Йесо та сын загъта: «Уӕдӕ Уӕларвон Паддзахады ахуыргӕнинаг чидӕриддӕр сси, уыцы динамонӕг у, йӕ къӕбицӕй ног дзаума дӕр ӕмӕ зӕронд дзаума дӕр чи райсы, ахӕм хӕдзары хицауы хуызӕн».


Лӕгӕй-лӕгмӕ уемӕ ӕнӕныфсхаст чи у, уӕ фӕсаууонмӕ та — сӕрӕн, ӕз уыцы Павел дӕн.


Уымӕн ӕмӕ чидӕртӕ зӕгъынц: «Йӕ фыстӕджыты домаг ӕмӕ тыхджын у, лӕгӕй-лӕгмӕ та — лӕмӕгъ, йӕ ныхас нӕ ахады».


Уӕззау куыст, ӕнӕхуыссӕг ӕхсӕвтӕ, стонг ӕмӕ дойны, уазал ӕмӕ бӕгънӕг…


Цӕмӕй сымах сбӕрзонд уат, уый тыххӕй мӕхи кӕй ӕрныллӕг кодтон ӕмӕ уын Хуыцауы Фарны Уац лӕвар кӕй амыдтон, уымӕй ӕз тӕригъӕды, мыййаг, бафтыдтӕн?


Хъуаг цӕмӕй ӕййӕфтон, уымӕй мын баххуыс кодтой Македонийӕ ӕрцӕуӕг ӕфсымӕртӕ. Ӕз уӕ никуы батыхсын кодтон ӕмӕ уӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕр нӕ батыхсын кӕндзынӕн.


Ӕдзӕрӕг ран ӕй ссардта ӕмӕ йыл хъӕддаг ӕрнӕджы Йӕ арм дардта, цӕсты гагуыйау ӕй хъахъхъӕдта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan