Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Филиппӕгтӕм 3:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Сунӕтгонд ӕрцыдтӕн мӕ царды ӕстӕм бон, дӕн израилаг адӕмӕй, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй, дзуттӕгтӕй райгуырӕг дзуттаг, Ӕгъдау куыд ӕххӕст кодтон, уымӕ гӕсгӕ — фарисей,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Филиппӕгтӕм 3:5
16 Iomraidhean Croise  

Чи аирвӕзти, уыдонӕй иу ӕрцыд ӕмӕ хабар фехъусын кодта дзуттаг Аврамӕн, уыцы рӕстӕг амораг Мамрейы тулдзджыны раз чи царди, уымӕн. Ӕфсымӕртӕ Мамре, Ешкол ӕмӕ Анер уыдысты Аврамы цӕдисонтӕ.


Йӕ райгуырдӕй аст боны кӕуыл рацӕуа, уӕ уыцы лӕппутӕй-иу алчидӕр ӕрцӕуӕд сунӕтгонд. Афтӕ кӕнут фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, уӕхи ӕмӕ, уӕ цагъарты цотӕй уӕ хӕдзары чи райгуыра, уыдонӕн ӕмӕ, уӕ байзӕддагӕй чи нӕ уа, фӕлӕ кӕцыфӕнды ӕрцӕуӕггагӕй кӕй балхӕнат, уыдонӕн дӕр.


Дзуттӕгты зӕххӕй дӕр мӕ давгӕ ракодтой, ӕмӕ ам дӕр, ницӕмӕй фӕазымджын дӕн, афтӕмӕй мӕ хъоргъы смидӕг кодтой».


Уым нын иу дзуттаг лӕппу, хъахъхъӕнджыты хицауы цагъар, лӕггад кодта. Мах ын нӕ фынтӕ радзырдтам, ӕмӕ нын сӕ райхӕлдта, алкӕмӕн дӕр нӕ загъта, йӕ фын цы амоны, уый.


Ӕмӕ сын уый загъта: «Ӕз дзуттаг дӕн, ӕмӕ кад кӕнын Дунедарӕгӕн, уӕларвы Хуыцауӕн, денджыз ӕмӕ сурзӕхх Сфӕлдисӕгӕн».


Ӕстӕм бон ӕрбацыдысты сывӕллонӕн сунӕт скӕнынмӕ ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй йыл йӕ фыды ном — Захариа — сӕвӕрой,


Аст боны фӕстӕ, Сывӕллонӕн Йӕ сунӕты афон куы ралӕууыд, уӕд Ӕй схуыдтой Йесо. Зӕд Ын уыцы ном рагацау радта, Йӕ мады гуыбыны дӕр куы нӕма сӕвзӕрди, уӕд.


Ногдыгъд сӕн ног лалымты ныккӕнын хъӕуы, цӕмӕй сӕ дыууӕ дӕр баззайой ӕнӕхъӕнӕй.


«Ӕз дӕн иудейаг, райгуырдтӕн киликиаг Тарсы. Схъомыл дӕн ацы сахары, Гамалиелы къухы, бӕстон сахуыр кодтон нӕ фыдӕлты Ӕгъдау. Сымах уе ’ппӕт дӕр абон Хуыцауыл куыд ӕнувыд стут, ӕз дӕр Ыл афтӕ ӕнувыд дӕн.


Сӕ иутӕ саддукейтӕ, иннӕтӕ та фарисейтӕ кӕй сты, Павел уый куы базыдта, уӕд синедрионӕн хъӕлӕсыдзагӕй загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, ӕз фарисей дӕн, фарисейы фырт. Ӕмӕ мын тӕрхон кӕнынц, мӕрдты райгасыл мӕ зӕрдӕ кӕй дарын, уый тыххӕй».


Ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл куы ӕфтыд, уӕд бердзенаг ӕвзагыл дзурӕг дзуттӕгтӕ райдыдтой хъуыр-хъуыр кӕнын бынӕттон дзуттӕгтыл, ӕрвылбоны ӕххуыс куы фӕуарынц, уӕд сын сӕ идӕдз сылгоймӕгты хъулон кӕнынц, зӕгъгӕ.


Уӕдӕ уӕ фӕрсын: ау, Хуыцау ныууагъта Йӕ адӕмы? Ницы хуызы! Ӕз мӕхӕдӕг дӕр израилаг дӕн, Авраамы байзӕддаг, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй.


Уыдон дзуттӕгтӕ сты? Ӕз дӕр. Израилӕгтӕ сты? Ӕз дӕр. Авраамы цот сты? Ӕз дӕр.


Уый фехъусгӕйӕ, филистимӕгтӕ скатай сты: «Цӕй цины хъӕр хъуысы уый дзуттӕгты рӕсӕнуаты ’рдыгӕй?» Дунедарӕджы Фидыды Чырын Израилы рӕсӕнуаты ис, уый куы базыдтой,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan